Арцеуы хъӕуы цӕрджытӕ райсдзысты ног амбулатори ӕмӕ тренажерон зал

© Sputnik / Наталья АйриянАрцеу
Арцеу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куыстытӕ хъавынц фӕуын сӕрды фӕстаг мӕйы, фӕлӕ Цхинвалы районы ЦКХ кусджытӕ хъус дардзысты арӕзтадмӕ ӕмӕ бафӕлвардзысты агъуыст эксплуатацимӕ раттын банысангонд рӕстӕгӕй раздӕр

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Арцеуы хъӕуы фӕзындзӕн ног амбулатори, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

ВЫСОКОГОРНЫЕ СЕЛА АЛАГИРСКОГО РАЙОНА СВЯЗАЛА НОВАЯ ДОРОГА - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры аразынц ног фӕндаг

Фарон хицауады сӕргълӕууӕг Пухаты Эрик ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министр Тотчиты Георгиимӕ фембӕлды рӕстӕджы хъӕуы адӕм радзырдтой сӕ зындзинӕдты тыххӕй, кӕцыты ӕхсӕн, сӕйраджыдӕр, уыдис хъӕууон амбулатори ногӕй рацаразыны проблемӕ.

Цхинвалы районы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бибылты Валерийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фарст аскъуыддзаг кодтой медицион пункт Арцеуы хъӕуы администрацийы агъуыстмӕ рахӕссыны фӕрцы, фӕлӕ уыцы агъуысты дӕр хъуыд ногӕй рацаразын.

"Хъӕууон амбулатори сарӕзтой ивгъуыд ӕнусы 50-ӕм ӕзты ӕмӕ дзы ныридӕгӕн нал ис уавӕртӕ адӕмы исын ӕмӕ  хос кӕнынӕн. Фӕлӕ тагъд хъӕуы фӕзындзӕн ног медицион пункт, цы ран уыдзӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ медицион ифтонггарз. Афтӕ ма администрацийы агъуысты бакӕндзысты ног тренажерон зал дӕр", — загъта Бибылты Валерий.

Ноджы ма Бибылты Валерий фехъусын кодта, куыстытӕ кӕй хъавынц фӕуын сӕрды фӕстаг мӕйы, фӕлӕ Цхинвалы районы ЦКХ кусджытӕ хъус дардзысты арӕзтадмӕ ӕмӕ бафӕлвардзысты агъуыст эксплуатацимӕ раттын банысангонд рӕстӕгӕй раздӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0