Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр ӕмӕ Цхинвалы мэр ӕрцыдысты Италимӕ

© Flickr / Hari SeldonИтали, Градара
Итали, Градара - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны делегаци ӕрдзырдта италиаг фарсимӕ РХИ столицӕ ӕмӕ горӕт Градары ӕхсӕн ӕмгуыстадыл

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий ӕмӕ Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕг Коцты Алан хӕларадон балцы ӕрцыдысты Республикӕ Италимӕ, горӕт Градары мэр Филиппо Гасперийы фӕхуындмӕ гӕсгӕ, хъусын кӕны РХИ ФХМ пресс-службӕ.

Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Медойты Дмитрий фæуазæг Италийы регионмæ референдумы рæстæджы

"Фембӕлды рӕстӕджы дыууӕ фарсы ӕрдзырдтой Цхинвал ӕмӕ Градары ӕхсӕн фӕстиуӕгджын ӕмгуыстады перспективӕтыл горӕтон инфраструктурӕ, культурӕ ӕмӕ туризмы фадыджы, афтӕ ма базарад ӕмӕ амалиуӕгады къабазы дӕр", — хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Афтӕ ма фембӕлды хайад райста Хуссар Ирыстоны минӕвар Италийы Мауро Мурджиа. Хуссарирыстойнаг делегацийы балц Италийы адарддӕр уыдзӕн 25 маймӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0