Сапертӕ сӕнӕзианхъом кодтой танчы ныхмӕ минӕтӕ Хуссар Иры: видео

Рафыссын
Уӕрӕсейы УУМ сӕрмагонд ахсджиаг ирвӕзынгӕнӕн операцитӕ уадзыны центр "Лидер"-ы специалисттӕ дарддӕр кӕнынц республикӕйы территори минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны куыстытӕ

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) центр "Лидер"-ы сапертӕ ныммыхуыр кодтой видео, цыран сӕнӕзианхъом кодтой танчы ныхмӕ минӕтӕ Хуссар Иры.

Пиротехникон куыстытӕ уыгътой дыууӕ къорды 27 июны Цхинвалы районы Ирыхъӕуы цур. Сапертӕ басгӕрстой 6 мин квардратон метрӕй фылдӕр территори.

Уыдон ӕдӕппӕтӕй ссардтой фараст тӕссаг предметы, се 'хсӕн дыууӕ танчы ныхмӕ минӕйы ТМ-57, ӕхсӕз артиллерион нӕмыджы ӕмӕ иу гранатӕ Ф-1.

Ацы аз Уӕрӕсейы УУМ ныр ӕртыккаг хатт сыгъдӕг кӕны Хуссар Ирыстоны территори рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй. Центр "Лидер"-ы къорд сæнæзианхъом ӕмӕ спырх кодта 297 рӕмудзӕн ӕрмӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0