Дмитрий Медведев: Хӕст Хуссар Иры расайдтой Саакашвилийы фыдгæнон митӕ

Рафыссын
Саакашвилийы Хуссар Ирыстоны ныхмӕ агрессийы рӕстӕджы уыд АИШ-ы ӕххуысы ныфс, банысан кодта Уӕрӕсейы Федерацийы премьер-министр Дмитрий Медведев

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. Гуырдзыстоны раздӕры президент Михаил Саакашвили уыд Хуссар Ирыстоны 2008 азы цауты аххосаг, банысан кодта йӕ интервьюйы рӕстӕджы "Коммерсант"-ӕн УФ-йы хицауады сӕрдар Дмитрий Медведев.

"Ӕз мӕ хъуыды нӕ фӕивдтон: Саакашвилийы ӕбӕрнон ӕмӕ фыдгӕнон уагӕвӕрды тыххӕй райдыдта хӕст", — банысан кодта хицауады сӕрдар.

УФ президент Владимир Путин. Архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин: Саакашвили 2008-æм азы хæст йæхæдæг нæ райдыдтаит

Афтӕ ма уый фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн хӕсты рӕстӕджы Саакашвилийы уыд АИШ-ы ӕххуысы ныфс. Медведев банысан кодта, УФ президент куы ссис, уӕд Саакашвилийы фӕндыд фӕхуыздӕр кӕнын уӕрӕсейаг-гуырдзиаг ахастытӕ, фӕлӕ уый фӕстӕ ницыуал ской кодта уый тыххӕй.

Ноджы ма уый бафтыдта, зӕгъгӕ, Гуырдзыстоны раздӕры президент ауагъта АИШ-ы минӕвӕрдтимӕ консультацитӕ, сӕйраджыдӕр, Кондолиза Райс ӕмӕ Дэниэл Фридимӕ.

"Ӕз хъуыды кӕнын ӕмӕ уыцы рӕстӕгмӕ уый ауагъта консультацитӕ армдарджытимӕ – Америкӕйы иугонд штаттимӕ", — загъта Дмитрий Медведев.

Афтӕмӕй, Саакашвили хъуыды кодта, ома "цыфӕнды ма ӕрцӕуа, уӕддӕр йын америкӕйӕгтӕ баххуыс кӕндзысты", — банысан кодта уӕрӕсейаг хицауады сӕрдар.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0