Хуссар Иры ауагътой рейдтӕ гастарбайтерты фатерты

© Пресс-служба МВД РЮО Профилактические рейды по квартирам мигрантов в Цхинвале
Профилактические рейды по квартирам мигрантов в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мигрантты бафӕдзӕхстой дымын ӕмӕ ӕууилгӕ буарадтӕй пайда кӕныны бӕрны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik. Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) иммиграцион управленийы кусджытӕ басгӕрстой Хуссар Ирыстоны территорийы фӕсарӕйнӕгты уӕвыны документтӕ, афтӕ ма куыстӕн патенттӕ дӕр, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Инспектортӕ не ссардтой миграцион законы фехӕлдтӕ.

Афтӕ ма иммиграцион управленийы кусджытӕ фехъусын кодтой фӕсарӕйнӕгтӕн мадзӕлтты тыххӕй, цӕмӕй ма бауадзой парахат ӕмӕ пайда кӕнын дымыны буарадтӕй.

Снюс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой "Снюс"-имӕ

"Мах бамбарын кодтам мигранттӕн, Хуссар Ирыстоны тобӕгонд кӕй у "Ӕууилгæ тамако "снюс" ӕмӕ "насвай"-ы æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ пайда кæнын", ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхстам фӕткхалджытӕ кӕй хӕсдзысты административон бӕрн", — банысан кодта иммиграцион управленийы кусӕг Плиты Андрей.

МХМы банысан кодтой, зӕгъгӕ, иу къуырийы размӕ милици ӕрцахста Таджикистаны дыууӕ цӕрӕджы, кӕцыты фатеры ссардтой ӕууилгӕ тамако "насвай"-ы 100 грамм. Тӕрхондон рахаста уынаффӕ, цӕмӕй сӕ фӕивар кӕной фӕйнӕ 30 мин сом ӕмӕ сӕ арвыстой республикӕйы территорийӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0