Уӕрӕсейаг реставратортӕ ӕркастысты астӕузаманы аргъуантӕм Хуссар Иры

© Sputnik / Наталья АйриянКультурæйы цыртдзæвæнтæ
Культурæйы цыртдзæвæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны Нузалы аргъуанӕн реставраци аразӕг специалисттӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны историкон цыртытӕ фенынмӕ

ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik. Уӕрӕсейаг реставратортӕ Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ алайнаг епархийы сауджын ӕмӕ "Наследие Алании"-йы директор Габойты Людмилаимӕ иумӕ ӕркастысты астӕузаманы аргъуантӕм Хуссар Ирыстоны. Специалисттӕ банысан кодтой, зӕгъгӕ, аргъуанты хъӕуы профессионалон реставраци, хъусын кӕны епархийы пресс-службӕ.

Аразджытӕ разиан кодтой Монастъеры аргъуаны рагон фрескӕтӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аразджытӕ разиан кодтой Монастъеры аргъуаны рагон фрескӕтӕн

Ныртӕккӕ ретавратортӕ — зонадон ӕмӕ реставрацион куысты фӕдыл Паддзахадон зонадон-иртасӕн институты директоры хӕдивӕг, Уӕрӕсейы культурӕйы министрады сӕйраг эксперт Сергей Филатов ӕмӕ дурамады специалист Руслан Зотов — архайынц Нузалы аргъуаны сцалцӕгыл.

Филатовы райдыдта кусын Нузалы аргъуаны реставрацийыл 38 азы размӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы аз фыццаг хатт ауагътой цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, кӕцытӕ хъуыд ауадзын 80 ӕзты.

Реставратортимӕ фембӕлды рӕстӕджы архиепископ Леонид радта специалисттӕн архиерейы грамотатӕ "Нузалы аргъуаны реставрацийы куыстытӕм хъусдарды фӕдыл".

Ног хабӕртты лентӕ
0