Ветеринарон цæстдарды службæйы радзырдтой африкӕйаг емынæйы зианы тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянПресс-конференция на тему биолаборатории в Грузии
Пресс-конференция на тему биолаборатории в Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Знауыры районы июлæй фæстæмæ рын ныццагъта 130 хуыйы

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны африкӕйаг емынӕ июнæй фæстæмæ ныццагъта 130 хуыйы, фехъусын кодта мыхуыры комитеты пресс-конференцийы рæстæджы Паддзахадон ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды службæйы хистæр Мæргъиты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хæдзарон фосыл алыгъуызон низтæ сарæх сты, Гуырдзыстоны биологон лаборатори куы скуыста, уæдæй фæстæмæ.

Емынæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иууылдæр амæлдзысты: Знауыры районы абухы африкæйаг емынæ

"Африкӕйаг емынӕ фæзынд Знауыры районы Дзагъинайы хъæуы июлы. Уæдæй нырмæ рын ныццагъта ацы районы 130 сæры хæдзарон фос. Куыддæр рабæрæг рын, афтæ хуызæгтæ арвыстам Кропоткинаг ветеринарон лабораторимæ æмæ сбæрæг кодтам низы хатт. Ист цæуынц мадзæлттæ низы парахат ма руадзыны фæдыл — æвæрд æрцыдыдысты дезбарьертæ", — загъта уый.

Мæргъиты Алан ма æрсидт районы цæрджытæм, цæмæй сæ фос æддæмæ ма уадзой.

"Ис нæм ахæм бæрæггæнæнтæ, рын цы территорийыл апарахат ис, уым кондæй цы хуытæ дарынц, уыдон аирвæзынц", — бафтыдта уый.

Африкæйаг емынæ Хуссар Иры фæстаг æзты апарахат ис цалдæр хатты. 2011-2012 æзты ацы низæй ныццагъдысты хуытæ республикæйы цалдæр районы. Уый фæстæ та 2016 азы рын апарахат ногæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0