Ахӕм нывӕзтытӕ нӕм нӕй: БТК минӕвар радзырдта Цхинвалы хуыйӕн фабрикӕйы сӕхгӕды тыххӕй

© Sputnik / Алексей КовалевБтк
Бтк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"БТК групп" генералон директоры хӕдивӕг загъта йӕ хъуыды информацийы тыххӕй, ома БТК фабрикӕ сӕхгӕндзысты

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik, Козаты Диана. Холдинг "БТК групп" нӕ фӕнд кӕны сӕхгӕнын хуыйӕн фабрикӕ "БТК-4" Цхинвалы, загъта Sputnik пресс-конференцийы рӕстӕджы "БТК групп" генералон директоры хӕдивӕг Светлана Пархоц.

Фабрикӕ БТК-4 байгом ис Цхинвалы 2013 азы БТК-Групп холдингы сӕргълӕууӕг, Ирыстонӕй рацӕугӕ Боллоты Таймуразы хъӕппӕрисӕй. Ацы аз сӕрды кӕцыдӕр ДИФ-ты ӕмӕ социалон хызӕгты фӕзынд информаци хъаугъаты тыххӕй Хуссар Ирыстоны президент ӕмӕ бизнесмены ӕхсӕн.

"Абоны бон ахӕм уавӕр нӕй, цӕмӕй фабрикӕ цӕттӕ кӕна сӕхгӕнынмӕ. Проект коммерцион нӕу, фӕлӕ социалон", — загъта Светлана Пархоц.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, холдингӕн уыд фадат бакӕнын куыстуаттӕ Уӕрӕсейы, цы ран сты холдингы текстилон кондадтӕ — Шахты ӕмӕ Барнаулы, цӕмӕй фӕцъусдӕр кӕной сӕ хӕрдзтӕ.

Бибилов провел встречу с главой компании БТК Таймуразом Боллоевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент фембæлд компани "БТК"–йы хистæр Боллоты Таймуразимæ

"Фӕлӕ Хуссар Ирыстоны кондад бакӕныны райдайӕнӕй фӕстӕмӕ махӕн уыд нысан — саразын куысты бынӕттӕ республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн. Ӕмӕ фабрикӕ сӕхгӕныныл ныхас дӕр нӕ уыд", — бахахх кодта Светлана Пархоц.

Ныртӕккӕ фабрикӕйы кусынц 609 адӕймаджы, куысуат фиды хъалон паддзахадон бюджетмӕ, мызд та БТК 4 фабрикӕйы у 28 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0