Цхинвалы равдыстой Хетӕгкаты Къостайы царды тыххӕй киноныв

© Sputnik / Наталья АйриянЧермен
Чермен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Киноныв "Сын Ирыстона"-йы равдыст нывонд уыд ирон литературӕйы классикы райгуырӕн боны цытӕн

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Киноконцертон зал "Чермен"-ы равдыстой фильм "Сын Ирыстона", кӕцы уыд нывонд ирон классик Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн боны цытӕн. Киноныв равдыста публицисты цард — академийӕ йӕ куыд рарвыстой, уый фӕстӕ куыд ӕрыздӕхт йӕ фыдыбӕстӕмӕ, цы ран Къоста бакодта ӕрмадз. Фӕстӕдӕр хицауады ныхмӕ фыссыны тыххӕй поэты ӕрцахстой.

Хетæгкаты Къоста - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тест Къостайы райгуырæн бонмæ: цас зонгæ стут поэты цардимæ?

Кинонывы премьерӕ ацыд 1960 азы 19 январы, сӕйраг фӕлгонц сӕххӕст кодта ирон актер Тӕбӕхсауты Владимир.

Ирон драматург ӕмӕ поэты сфӕлдыстады нысаниуӕджы тыххӕй киноравдысты рӕстӕджы радзырдта культурӕйы министр Зассеты Жанна.

"Алы адӕмӕн дӕр ис сӕхи фӕндагамонӕг стъалы, Ирыстоны фӕндагамонӕг стъалы у номдзыд Къоста! Ӕрвылаз дӕр мах традицимӕ гӕсгӕ ӕрӕмбырд вӕййӕм йӕ цырты раз ӕмӕ кӕсӕм поэты ӕмдзӕвгӕтӕ, — уый у кад йӕ курдиатӕн. Мадзалы хайадисджытӕн мах ӕрцӕттӕ кодтам лӕвӕрттӕ Къостайы нывимӕ ӕмӕ паддзахадон символикӕимӕ. Фӕнды нӕ, цӕмӕй уыдон бахъуыды кӕной ацы бон", — загъта министр.

Министр бафтыдта, зӕгъгӕ, алкӕцы ирон дӕр хъуамӕ зона Къостайы сфӕлдыстад.

Къуырисӕры республикӕйы нысан кодтой Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл 159 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон. Ирыстон ӕмӕ фӕсарӕнты цыдысты бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0