Скъолайы бæсты парковкæ: Цхинвалы аразынц хæдтулгæты лæууæндон

© Sputnik / Ада БагианЗæронд Цхинвал
Зæронд Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныридæгæн боксы скъолайы раздæры бæстыхай æрцыд пырх, йæ бынаты фæзуат цæуы сыгъдæг

ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Стыр парчы бацæуæны, раздæры боксы скъолайы бынаты арæзт цæуы хæдтулгæты лæууæндон. Ныридæгæн скъолайы бæстыхай ʻрцыд пырх, йæ бынаты фæзуат сыгъдæг кæнынц лæууæндонæн, фехъусын кодтой Sputnik Арæзтады министрады пресс-службæйы.

Донуадзæн завод Едысы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Удæгас дон": Хуссар Иры бæрзонд хæххон хъæуы аразынц доны завод

Фæстаг дæс азы хæдтулгæты нымæцы рæзт хынцгæйæ тынг актуалон у сæ лæууæндæтты цухдзинад, Цхинвалы æппæт уагдæтты бахизæнтæ кусгæ бонты байдзаг вæййынц хæдтулæгтæй.

"Боксы скъолайы бæстыхай рагæй уыд æдзæллаг уавæры. Ацы бынаты спортивон объект аразын æгæр уыдаид, уымæн æмæ йæ тæккæ уæлæ сырæзт егъау спортивон галуан "Олимп", цы ран кусынц боксы секцитæ. Уымæ гæсгæ скъуыддзаг æрцыд ам саразын хæдтулгæты лæууæндон", — загъта уагдоны пресс-секетарь Тедеты Алена.

Уый ма банысан кодта, Стыр парк куы сæндидза, уæд ахсджиаг уыдзæн хæдтулæгты лæууæндон дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0