Хуссар Иры ленк кӕныны федерацийы сӕргълӕууӕг радзырдта Цхинвалы турниры тыххӕй

© Sputnik / Софа ИсаакянЧемпионат по плаванию Южная Осетия
Чемпионат по плаванию Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир цыд Цхинвалы, Хуссар Ирыстоны ӕвзонг ленкгӕнджытӕй дарддӕр ерыстӕм ӕрцыдысты спортсментӕ ӕртӕ уӕрӕсейаг горӕтӕй

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ленк кӕныны турниры абсолютон уӕлахиздзау ссис Тыджыты Диана, кӕцы бацахста ӕртӕ фыццаг бынаты, загъта республикӕйы Ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеева.

Турнир, кӕцы цыд 3-4 ноябры Цхинвалы, ӕрӕмбырд кодта ленкгӕнджыты уӕрӕсейаг горӕттӕй. Евгения Терлеевайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, командӕтӕ фыццаг хатт ӕрцыдысты республикӕмӕ сӕхи фӕрӕзтӕй.

"Махмӕ зӕрдиагӕй ӕрцыдысты, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ зыдтой, кӕй уадзӕм тынг хорз ерыстӕ", — загъта Федерацийы сӕргълӕууӕг.

Сӕйраг приз — турниры Кубокыл — тох кодтой авд командӕ: Черкесск, Невинномысск, Пятигорск ӕмӕ цыппар командӕ Цхинвалӕй.

Чемпионат по плаванию Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы æрбакодтой ленк кæныны курсытæ

"Дыууӕ командӕ уыдысты ленкгӕнӕн бассейн "Дельфин"-ы минӕвӕрттӕ, аннӕ дыууӕ та спорты галуан "Олимп"-ы минӕвӕрттӕ. Командон ерысты фӕстиуӕгӕн фыццаг бынат бацахста Черкесскы командӕ, дыккаг "Дельфин-1" ӕмӕ ӕртыккаг та "Олимп-1", — радзырдта Евгения Терлеева.

Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, командон ерыстӕй дарддӕр ленкгӕнджытӕ хайад истой сӕрмагонд ерысты дӕр. Терлеева бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны ленкгӕнджытӕ сӕхи хорз кӕй равдыстой.

"Турниры абсолютон уӕлахиздзау ссис Тыджыты Диана, кӕцы бацахста ӕртӕ фыццаг бынаты. Фӕнды ма мӕ рахицӕн кӕнын ерысты призерты дӕр — Уалыты Даяна, Джиоты Сабина, Тохъмайты Александра ӕмӕ Тедеты Ирмайы", — банысан кодта Евгения Терлеева.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, эстафетон ленк кӕныны дӕр Хуссар Ирыстоны спортсментӕ сӕхи иттӕг хорз равдыстой ӕмӕ тох кодтой кӕронмӕ.

"Хистӕр кары къорды дыккаг бынат бацахста командӕ "Олимп-1", кӕстӕр кары къорды та ӕртыккаг бынат бацахста командӕ "Дельфин-1", — бафтыдта Федерацийы сӕргълӕууӕг.

Турниры организатортӕ уыдысты Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет ӕмӕ Ленк кӕныны федераци.

Ног хабӕртты лентӕ
0