"Таврида"-йы хæрзиуæг: Цхинвалы фæзындзæн национ инструментты æрмадз

© Sputnik / Фатима ПлиеваГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æрмадз столицæйы бакæныны нысанæн фæсивæдон форум "Таврида"-мæ йæ куыст "Сырдон" бавдыста дыккæгæмкурсон математик Гаглойты Алан

ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы фæзындзæн рагон ирон национ музыкалон инструменттæ аразыны æрмадз. Кусæндон арæзт цæуы гранты фæрæзтæй, фехъусын кодта Sputnik проекты автор, математикæ æмæ экономикæйы факультеты дыккæгæм курсы студент Гаглойты Алан.

"Сырдон"-ы æрмадзы арæзт цæудзысты рагон ирон музыкалон инструменттæ, ахуыр дзы кæндзысты сæ аразын æмæ амондзысты уыдоныл хъазын.

"Рагон ирон национ музыкалон инструменттæ аразыны æрмадзы фæдыл мæ проект "Сырдон" бавдыстон фæсивæдон форум "Таврида"-мæ. Баххуыс мын кодтой Гаглойты Зауыр æмæ ансамбль "Къона"-йы уæнг Бæтæгты Дауыт. Фыццаг хатдзæгтæ хъуамæ равдисæм æрбалæугæ азы майы мæймæ. Ӕрмадзы æрфысым кæндзæн арт-тыгъдады портал. Проектæн хицæн æрцыд 500 мин сомы", — загъта Гаглойты Алан.

Таму Берозты представлял Южную Осетию на фестивале в Казахстане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ансамбль "Къона" хоны цхинвайлӕгты рагон музыкæйы изæрмæ

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый йæ проект æххæст кæныны рæстæджы ныфс дары ансамбль "Къона"-йы аннæ уæнг Деметы Зауыры æххуысыл.

"Амæй размæ Хуссар Ирыстонмæ цæгатæй æрцыд Деметы Зауыр кусынмæ, ам бынаты хъуыддаг хорз нæ ацыд, фæлæ мæ ныфс ис, ногæй кæй æрцæудзæн æмæ уый ам кæндзæн йæ куыст национ инструменттæ аразын æмæ сæ аразын амоныны хъуыддаджы", — бафтыдта Гаглойты Алан.

Нарты кадджыты иууыл ныхмæвæрддæр хъайтар у Сырдон, фæлæ уый номимæ баст у рагон ирон музыкалон инструмент дыууадæстæнон фæндыры таурæгъ. Нарты фæлитой скодта фæндыр йæ 12 фырты стджытæ æмæ нуæрттæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0