Знауыр-2018: районы хистæр ӕрдзырдта афӕдзы æнтыстытыл

© Sputnik / Фатима ПлиеваГæбæраты Инал
Гæбæраты Инал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Районы разамынад рæгъмæ рахаста, цæмæй цардысты йæ дæлбар хъӕутӕ 2018 азы, цы сын бантыст бакусын æмæ цы зындзинæдтыл æмбæлдысты.

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Знауыры районы разамынады раз лæугæ хæстæй ахсджиагдæрты ʻхсæн уыдысты инфраструктурæйы фарстытæ — 2018 азы дæргъы районы арæзтой фæндæгтæ, цалцæг кодтой донифтонгады хæтæлтæ, хæдзæртты агъуыстытæ. Уый тыххæй радзырдта Мыхуыр æмæ информацийы комитеты пресс-центры районы администрацийы хистæр Гæбæраты Инал, афтæ ма хатдзæгтæ скодта ацæугæ азæн æмæ сдзуапп кодта журналистты фарстытæн.

Дон, фæндæгтæ, хидтæ æмæ хæдзæрттæ

Гæбæраты Иналы ныхæстæм гæсгæ, районы хъæуты фæндæгтæ 7-8 хаххыл фæхуыздæр кодтой, фæлæ уымæй æххæстæй нæ алыг фæндæгты фарст. Проблемæйыл дарддæр дæр куыст цæудзæн.

Гобозты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæййаг бизнес Знауыры: "базырджын" продукт æмæ урсаджы рауагъдад

"Нывæзтмæ гæсгæ ма ацы аз хъуамæ Мугутмæ фæндаг æрцæуа сосæ, æнхъæлмæ кæсæм асфальтæвæрæгмæ. Стыр куыст æрцыд донифтонгады хаххыл — 6 хъæумæ рауагътам дон, науæд сцалцæг кодтой зæронд хæххытæ, кæм бассейн сарæзтам, кæм хæтæлтæ ивтам", — загъта Гæбæраты Инал.

Уый банысан кодта районы донифтонгады фадыджы гуырахстджын проект "Гомарт-Уахтана-Терегуан", кæцыйы фæрцы донæй ифтонг æрцæудзысты 200 хæдзары.

"Райдыдтам ыл кусын фарон æмæ йæ ацы аз кæронмæ бакæндзыстæм. Ӕз нымайын уый стыр æнтыстыл, уый бæрц хæдзæрттæ донæй кæй сифтонг кæндзыстæм. Арæзт дзы æрцæудзæн дыууæ резервуары – иу Уахтанайы сæрмæ, аннæ та Терегуаны", — радзырдта районы сæргълæууæг.

2018 азы цæрæн-коммуналон хæдзарады фадыджы æндидзынгæнæн куыстыты æнтыстытæм ма районы разамынад бахаста бирæуæладзыгон хæдзæртты агъуыстты раивд.

"Цыппар бирæуæладзыгон хæдзæртты агъуыстытæ раивтам, ис ма дзы ивинæгтæ. Сарæзтам ма Лопъаны хъæуы хид, цалцæг æрцыд Знауыры хид дæр. Фæхуыздæр кодтам поселок æмæ хъæуты уынгты рухсытæ мæ сæ ракодтам экономон лампочкæтæм", — бафтыдта уый.

Ахуырад, культурæ, æмæ зымæгмæ цæттæдзинад

"Знауыры скъолайы цур фæзынд спортивон фæзуат, мæхи зæрдæ дзы райы, сывæллæттæн ис кæм хъазой. Дзагъинайы фæхуыздæр кодтам хæлцады блок. Абоны бон районы æппæт скъолатæ дæр сты зымæгмæ цæттæ", — загъта районы хистæр.

Знауыры фæзындзæн Фыдыбæстон хæсты зынгхуыст хъайтарты номарæн мемориал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыры фæзындзæн Фыдыбæстон хæсты зынгхуыст хъайтарты номарæн мемориал

Гæбæраты Инал ма радзырдта, районы разамынадмæ ацæугæ фембæлдты рæстæджы фылдæр бæрцæй кæй фескъуыддзаг кæнынц цæрæнуатон æмæ куысты бынæтты фарстытæ.

"2019 азы Инвестицион нывæзтмæ раразмæ кодтам 18 фатерон корпусы арæзтад, нырма программæ фидаргонд не ʻрцыд, фæлæ уый суыдзæн цæрæнуаты фарсты проблемæйы лыггæныны фадæттæй иу", — бафтыдта уый.

Африкæйаг емынæ цæуы

Ацы аз Знауыры районы ногæй апарахат ис африкæйаг емынæ. Рын, фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныццагъта 130 хуыйы бæрц цалдæр хъæуы. Районы хистæры ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн низ фесæфт.

Емынæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иууылдæр амæлдзысты: Знауыры районы абухы африкæйаг емынæ

"Емынæ цы фос ныццагъта, уыдон ныхмæ районы фæрæзтæ нæй компенсаци радтынæн. Ацы хъуыддаджы хъæуы цæрджытæ дæр не ʻххæст кæнынц фæдзæхст æмæ уадзынц сæ фос æддæмæ. Ныридæгæн районы ис карантин. Фæлæ, фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, мæйы бæрц низæй хуытæ нал амард, рын фæстæмæ ацыд", — радзырдта уый.

Рынæй фервæзыны амæлттæй ма иу у æртæ азмæ хуыйы дард ныууадзын, фæлæ, Гæбæраты Инал куыд банысан кодта, афтæмæй цæрджытæ уый дæр не ʻххæст кæнынц.

Ног хабӕртты лентӕ
0