"Растдоны" минӕвар Уанеты Вадимы ацыды фӕстӕ: нӕ сӕхгӕндзыстӕм

© Sputnik / Наталья Айриян"Растдон"-ы продукци
Растдон-ы продукци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдызгъӕлы заводы коммерцион директор радзырдта амалиуӕгады куысты тыххӕй, Уанеты Вадим Уӕрӕсейы егъау хъӕууон-сӕудӕджерадон холдингы хистӕры бынат куы ныууагъта, уый фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 17 дек — Sputnik, Козаты Диана. Фыдызгъӕлы завод "Растдон" Хуссар Ирыстоны не 'рлӕууын кӕндзӕн амалиуӕгады куыст Уанеты Вадимы ацыды фӕстӕ "Евродон"-ы генералон директоры бынатӕй, загъта журналисттӕн куыстуаты коммерцион директор Тарас Тарасов.

Анатолий Бибилов и Вадим Ванеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уанеты Вадим: "Растдон"-ӕн ис алы фадат дӕр, цӕмӕй йӕ кондад ауӕрӕх кӕна

Уанеты Вадим у ирон бизнесмен, Уӕрӕсейы иууыл стырдӕр хъӕууон-сӕудӕджерадон холдинг "Евродон"-ы бындурӕвӕрӕг ӕмӕ хицау. 2017 азы сӕрды уый бакодта Хуссар Ирыстоны столицӕйы фыдызгъӕлы завод "Растдон", кӕцы йӕ куысты фыццаг аз рауагъта фыдызгъӕлы продукцийы 100 тоннӕй фылдӕр.

Ацы аз октябры Уанеты Вадим ссӕрибар кодта йӕ бынат Ӕддагон экономикон банкимӕ хъаугъайы фӕстӕ. Ныр та у компанийы директоры хӕдивӕг.

"Мах нӕ сӕхгӕндзыстӕм. Мах райтынг уыдзыстӕм ӕмӕ ауӕрӕх кӕндзыстӕм нӕ ассортимент. Цы ӕрцыд, уый тыххӕй ныридӕгӕн бирӕ загътой ДИФ-ы. Ӕрмӕст дӕр зӕгъдзынӕн, кӕй не рлӕудзыстӕм, ӕмӕ ацы здӕхты кӕй райтынг уыдзыстӕм", — бахахх кодта Тарасов.

© Sputnik / Наталья Айриян"Растдон"-ы коммерцион директор Тарас Тарасовы пресс-конференци Цхинвалы
Брифинг гендиректора завода Растдон  - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Растдон"-ы коммерцион директор Тарас Тарасовы пресс-конференци Цхинвалы

Фыдызгъӕлы завод "Растдон" райдыдта уадзын продукци "Нæртон" маркӕйы дӕлбар 2017 азы июлы. Октябры райдайӕнӕй фӕстӕмӕ куытуат рауадзы 300 килограмм продукцийӕ фылдӕр иу бонмӕ. Куыстуаты ассортимент ис республикӕйы алкӕцы егъау дуканийы дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0