Митын Дада фæсарæнтæй: Цхинвалы интернаты ахуырдзаутæ райстой ногазон лæвæрттæ

© Flickr / rjcoxНогазон лӕвӕрттӕ
Ногазон лӕвӕрттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæрæгбонон зæрдæйы уаг йæ лæвæрттæй æрхаста скъолайы коррекцион кълæсты ахуырдзаутæн Козаты Владимир

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæн Ирыстонæй рацæугæ лæппу Козаты Владимир сарæзта хæрзаудæн акци. Ногазон лæвæрттæ райстой скъолайы коррекцион кълæсты ахуырдзаутæ се ʻппæт дæр, фехъусын кодта Sputnik ахуырадон уагдоны директор Тедеты Роланд.

Театралон фæзуат. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Афишæ: Ног аз Хуссар Иры

Лæппу ацы акци аразы ныр æртыккаг хатт, æрвылаз Ног азы къæсæрыл уый лæвæрттæ æрхæссы интернаты цы къуындæг физикон авналæнтимæ сабитæ ис, уыдонæн.

"Хицауады сæрдары раздæры хæдивæг Козаты Дмитрийы фырт Владимир ахуыр кæны фæсарæнты æмæ дыууæ азы размæ йе 'мгæрттимæ фыццаг хатт сарæзтой ногазон хæрзаудæн акци скъола-интернаты. Уымæй фæстæмæ уый йæ фæрныг хъуыддаг нæ уадзы. Ацы аз дæр та æрхаста коррекцион кълæсты 27 ахуырдзауæн бæрæгбонон зæрдæйы уаг йæ лæвæрттæй", — загъта Тедеты Роланд.

Уый ма банысан кодта, лæппу сын алыхатт дæр кæй баххуыс кæны, цы йæм бахатынц, уымæй — "ныр дæр та хъавы ацы сывæллæтты акæнын Цъæйы комы улæфæндонмæ дæр".

Козаты Владимир æнгæс хæрзаудæн акцитæ ауагъта Цхинвалы 12 скъолайы, цы ран ахуыр кодта йæ мад, æмæ Знауыры районы Хъорнисы — ацы хъæуæй та у йæ фыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0