Цхинвал-Дзауы фæндагыл цæуынц пырхгæнæн куыстытæ

© Пресс-служба МЧС РЮОЦхинвал-Дзауы фæндагы цæуынц пырхгæнæн куыстытæ
Цхинвал-Дзауы фæндагы цæуынц пырхгæнæн куыстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд майрæмбоны Транскамы фарастæм километрыл фæндагмæ æркалд къæдзæхы иу хай – фыдбылызы бахауд хæдтулгæ "Жигули"-йы шофыр

ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ дарддæр кæнынц пырхгæнæн куыстытæ Цхинвал-Дзауы фæндаджы фадыгыл, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.

Амæй размæ, ивгъуыд майрæмбоны, Транскамы фарастæм километрыл фæндагмæ æркалд къæдзæхы иу хай – фыдбылызы бахауд хæдтулгæ "Жигули"-йы шофыр. Уæдæй нырмæ УУМ ирвæзынгæнджытæ кусынц дурзгъæлды фæстиуджытæ аиувас кæнын æмæ фæндаг ссыгъдæг кæныныл.

"Фыццаг пырхгæнæн куыстытæ ауагътой сабаты. Дыккаг срæмгъыд стырдæр тыхимæ сарæзтой ʻзнон. Абон, 22 январы РХИ УУМ альпинисттæ ма иу хатт фендзысты фæндаджы аварион хай", - дзырдæуы хъусинаджы.

Транскавказы автомагистралыл, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ, фæндагон змæлд нырма дæр у тобæгонд. Йæ аххосаг у миты стыр гуырахст, кæцы хъæуы фæндаджы цæуæн уæлцъарæй ссыгъдæг кæнын. Азы райдайæнæй Транскам æхгæд æрцыд цыппар хатты, фæстаг хатт 15 январы митуард æмæ зæйты аххосæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0