Рӕстӕгыл асыгъдӕг кодтой зӕйтӕ: Хуссар Иры УУМ Транскамы уавӕры тыххӕй

© Пресс-служба МЧС РЮО Транскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуырисӕры Транскамы хуссарирыстойнаг фадыг рӕстӕгмӕ ӕрӕхгӕдтой зӕйты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 28 янв – Sputnik, Козаты Диана. Ӕртӕ зӕйы, кӕцытӕ къуырисӕры райсомӕй ӕрцыдысты Ручъы тоннелы хуссайраг фарс, рӕстӕгмӕ ӕрӕхгӕдтой фӕндагон бастдзинад Транскамыл, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службӕйы.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры премьер бахæс кодта схорзæхджын кæнын Транскамыл кусæг фæндагон службæты

Айразмӕ УУМ сӕргълӕууӕг Тадтаты Алан банысан кодта, прогнозмӕ гӕсгӕ, къуырисӕры боныгъӕд кӕй февзӕр уыдзӕн. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уагдон бакуыста куысты нывӕзтыл ӕмӕ цӕттӕ у сыгъдӕггӕнӕн куыстытӕм.

"Райсомӕй Транскамы хуссарирыстойнаг фадыгыл, Уанел ӕмӕ Бӕгъиаты ӕрцыд ӕртӕ зӕйы, уымӕ гӕсгӕ фӕндаг уыд ӕхгӕд. Уый тыххӕй махмӕ хъусинаг ӕрбацыд 11.00 сахатыл, фӕндагон службӕтӕ уайтагъд асыгъдӕг кодтой трассӕ зӕйтӕй", - радзырдтой пресс-службӕйы.

Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, улӕфт бонты тоннелы дыууӕ фарсӕрдыгӕй дӕр уарыд мит, фӕлӕ уый нӕ бахъыгдардта фӕндагон змӕлды.

Транскавказаг автомагистраль январы фылдæр хай уыд æхгæд автомобилон змæлдæн стыр митуард æмæ зæйты æрцыды тыххæй. Фæндаг бакодта 23 январы.

Ног хабӕртты лентӕ
0