Хуссар Иры МСНК сбӕрӕг кодтой иууыл хуыздӕрты ӕхсын ӕмӕ ӕрмбуар хӕстӕй

© Пресс-служба МВД РЮОРХИ МСНК ерыстӕ
РХИ МСНК ерыстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры Мидхъуыддӕгты министрады МСНК ерыстӕ нывонд уыдысты уагдоны сӕвзӕрды бонӕн

ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацыдысты ерыстӕ спорты цалдӕр хуызы Мидхъуыддӕгты министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) хайадты ӕхсӕн, кӕцытӕ нывонд уыдысты уагдоны сӕвзӕрды бонӕн, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы спортивон скъолайы ацыдысты ерыстӕ ӕрмбуар хӕстӕй.

"Хуссар Ирыстоны МСНК кусджыты ӕхсӕн ерыстӕ уагъд цыдысты авд уӕзы категорийы. Командон бахыгъды фыццаг бынатмӕ схызт 2-ӕм оперативон ротӕ, дыккаг бынат бацахста 1-ӕм ротӕ, ӕртыккаг бынатыл та ацыд 3-ӕм оперативон ротӕ", - радзырдтой МХМ.

Ӕмбуар хæстæй ерыстæ уагъд цæуынц æрвылаз дæр æмæ фадат дæттынц МСНК иууыл тыхджындæр службæгæнджыты рафæлгъауын.

Афтӕ ма МСНК дӕлхайадты ӕхсӕн ацыдысты сӕрмагонд-командон ерыстӕ Калашниковы автоматӕй ӕхсынӕй. Командон бахыгъды фыццаг бынатыл ацыд 5-ӕм оперативон ротӕ, дыккаг бынатыл та 4-ӕм оперативон ротӕ, ӕртыккаг бынат та бацахста ауырадон ротӕ.

"Афтӕ ма ацыдысты сӕрмагонд-командон ерыстӕ, кӕцытӕ бӕрӕг кодтой МСНК дӕлхайадты физикон цӕттӕкӕнынад. Фыццаг бынатыл ацыдис 2-ӕм оперативон ротӕ, дыккаг бынатыл 1-ӕм оперативон ротӕ, ӕртыккаг бынатмӕ та схызт 3-ӕм оперативон ротӕ", - радзырдтой МХМ пресс-службӕйы.

Гири исыны спорты фыццаг дыууӕ бынат адих кодтой 1-ӕм ӕмӕ 2-ӕм оперативон ротӕтӕ, дыккаг бынатыл та ацыд 5-ӕм оперативон ротӕ.

МХМ банысан кодтой, ерыстӕ уагъд кӕй цӕуынц ӕрвылаз. Ерысты нысаниуӕг у спорты алы хуызы популяризаци, афтӕ ма кусджыты ӕхсын ӕмӕ физикон цӕттӕкӕнынад фӕхуыздӕр кӕнын.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0