Хуссар Иры сарӕх сты хус кӕрдӕджы зынгсирвӕзттӕ

© Пресс-служба МЧС РЮОзынгсирвӕзт
зынгсирвӕзт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад хаты ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй арӕхсгай архайой артимӕ

ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) зынгфӕдисонтӕ хуыссын кӕнынц арт Цхинвалы районы Еред ӕмӕ Хелчуайы хъӕуы, загътой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.

УУМ радзырдтой, сур боныгъӕды рӕстӕджы, республикӕйы сарӕх сты хус кӕрдӕджы зынгсирвӕзттӕ.

"Знон зынгфӕдисонтӕ фондз хатт ацыдысты арт хуыссын кӕнынмӕ Чъех, Дампалет, Уахтана, Къусрет ӕмӕ Присмӕ. Абон УУМ радгӕсон хайадмӕ зынгсирвӕзты тыххӕй хъусинӕгтӕ ӕрбацыдысты ӕрттӕ хатт. Ныртӕккӕ зынгфӕдисонтӕ ацыдысты Хелчуайы хъӕумӕ, цы ран кӕрдӕг ссыгъд аргъуаны цур", - загътой пресс-службӕйы.

Уагдоны нӕ загътой зынгсирвӕзтты аххосаг.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0