Равдисын масштаб: Хуссар Иры хицауады ӕрдзырдтой Къостайы аз ауадзыныл

© Sputnik / Наталья АйриянХетӕгкаты Къоста
Хетӕгкаты Къоста - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ирон классикы азы фӕлгӕтты нывӕндынц цалдӕр мадзалы – зонадон конференцитӕй музейы бакондмӕ

ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Кусӕгон къорд хицауады сӕрдар Пухаты Эрикы сӕргълӕудӕй цӕттӕ кӕны мадзӕлтты нывӕзт, кӕцытӕ нывонд сты Хетӕгкаты Къостайы азӕн, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службӕ.

Къостайы цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауады æрдзырдтой Къостайы аз бацæттæ кæныныл

Амӕйразмӕ, 2018 азы кӕрӕтты, республикӕйы президент Бибылты Анатолий бафыста указ ирон поэт, драматург, публицист ӕмӕ нывгӕнӕджы Азы тыххӕй, кӕцы расидтысты Къостайы райгуырдыл 160 азы сӕххӕсты цытӕн.

Пухаты Эрик бахахх кодта, зӕгъгӕ, мадзӕлттӕ афтӕ хъӕуы ауадзын, цӕмӕй дзы баззайа фӕстиуджытӕ.

"Мах хъуамӕ саразӕм нывӕзт афтӕ, цӕмӕй Къостайы аз бахъуыды кӕнӕм ӕрмӕст ирд мадзӕлттӕй нӕ, фӕлӕ ма йӕ фӕстӕ ныууадза фӕстиуджытӕ популярон литературӕ ӕмӕ зонадон куыстыты хуызы", - банысан кодта хицауады сӕрдар.

Культурӕйы министр Зассеты Жанна равдыста ӕрӕмбырдуӕвджытӕн программӕ, кӕцыйы скондмӕ бахызтысты алыгъуызон мадзӕлттӕ, уыдон аххӕссыдысты ӕрмӕст Хуссар Ирыстоныл нӕ, фӕлӕ ма Цӕгат Кавказы республикӕтыл дӕр.

"Хетӕгкаты Къоста уыд дунейы адӕймаг, ӕмӕ уый фӕдыл мӕн фӕнды, цӕмӕй йын мадзӕлттӕ равдисой йӕ масштаб", - загъта министр.

Рабадты рӕстӕджы бахастой ивындзинӕдтӕ мадзӕлтты нывӕзтмӕ, афтӕ ма ӕрдзырдтой финансон фарсыл дӕр. Къостайы Азы проектмӕ бахызтысты равдысттӕ, зонадон конференцитӕ, концерттӕ, спортивон ерыстӕ, чингуыты ныммыхуыр, Хетӕгкаты Къостайы хъӕуы музейы баконд ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0