Путин Хуссар Иры президентӕн: ӕнхъӕлмӕ кӕсын диалог адарддӕр кӕнынмӕ

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæБибылты Анатолий ӕмӕ Владимир Путин
Бибылты Анатолий ӕмӕ Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Федерацийы къухдариуӕгад арвыста арфӕйы тел Бибылты Анатолимӕ, кӕцы ӕртыццӕджы нысан кӕны йӕ 49-ӕм райгуырӕн бон

ЦХИНВАЛ, 6 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолийӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн ӕмӕ банысан кодта, кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы диалог ӕмӕ иумӕйаг куыст адарддӕр кӕнынмӕ. Арфӕйы текст ныммыхуыр кодтой РХИ президенты официалон сайтыл.

"Уӕрӕсейы аргъ кӕнынц Дӕ архайдӕн, кӕцы здӕхт у дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн хӕларад, интеграци ӕмӕ дыууӕварсон ӕмгуыстады райрӕзтмӕ алкӕцы фадыджы дӕр", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕгӕн раарфӕ кодта УФ хицауады сӕрдар Дмитрий Медведев, кӕцы бахахх кодта Бибылты Анатолийы хайбавӕрд уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты райрӕзтмӕ.

"Мӕн уырны, базарадон-экономикон ӕмӕ инвестицион ӕмархайды фидаркӕнын, перспективон иумӕйаг проектты реализаци алкӕцы фадыджы дӕр дзуапп кӕны Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны интерестӕн", - банысан кодта хицауады сӕрдар.

Хуссар Ирыстоны президент нысан кӕны йӕ 49-ӕм райгуырӕн бон ӕртыццӕджы, 6 февралы.

Ног хабӕртты лентӕ
0