Цӕгат Иры столицӕйы ацӕудзӕн Европӕйы фыццагад боксӕй

© AFP 2022 / YURI CORTEZЦӕгат Иры столицӕйы ацӕудзӕн Европӕйы фыццагад боксӕй
Цӕгат Иры столицӕйы ацӕудзӕн Европӕйы фыццагад боксӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзӕуджыхъӕуы юниортӕ ӕмӕ юниоркӕты ӕхсӕн ерыстӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты 200 спортсменӕй фылдӕр Европӕйы 39 бӕстӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 1 мар - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы фыццаг хатт Кавказы ацӕудзӕн Европӕйы фыццагад боксӕй 19-22 ӕзты юниортӕ ӕмӕ юниоркӕты ӕхсӕн, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ. Иууыл тыхджындӕр боксерты номыл тох кӕндзысты 240 спортсмены Европӕйы 39 бӕстӕйӕ.

"Турниры бӕрӕгбонон баконд райдайдзӕн 8 марты спорты галуан "Манеж"-ы. Уыцы бон ацӕудзысты развӕлгъау тохтӕ дӕр. 9-13 марты боксертӕ ауадздзысты тохтӕ, цӕмӕй ахизой ӕрдӕгфиналтӕм, кӕцытӕ ацӕудзысты 15 ӕмӕ 16 марты. Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ сбӕрӕг уыдзысты 17 марты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Мадзалы организатор у Уӕрӕсейы Федерацийы спорты министрад, РЦИ-Аланийы хицауад, Уӕрӕсейы боксы федераци ӕмӕ РЦИ-Аланийы боксы федераци.

Ног хабӕртты лентӕ
0