Оперон зарӕггӕнӕг Хуссар Ирӕй: мӕхи нымайын амондджын адӕймагыл

© Sputnik / Наталья АйриянХӕбӕлаты Лали
Хӕбӕлаты Лали - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik пресс-центрмӕ бауазӕг ирон оперон зарӕггӕнӕг Хӕбӕлаты Лали: уый радзырдта йӕ концерт ӕмӕ музыкалон карьерӕйы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 6 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Ӕхсӕнадӕмон сылгоймӕгты боны размӕ Цхинвалы ацӕудзӕн концерт, цы ран кӕсджыты раз ралӕудзӕн зындгонд оперон зарӕггӕнӕг Хуссар Ирыстонӕй Хӕбӕлаты Лали.

Зарӕггӕнӕг бацыд Sputnik пресс-центрмӕ РХИ мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты сӕргълӕууӕг Хъотайты Марияйы брифингмӕ. Музыкант радзырдта йӕ сфӕлдыстадон фӕндаджы лыстӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ фидӕны нывӕзтыты тыххӕй.

"Ӕз мӕхи нымайын амондджын адӕймагыл, уый тыххӕй ӕмӕ мӕ царды ахсджиаг этапты мӕ фарсмӕ лӕууыдысты хӕларзӕрдӕ адӕм", - загъта Хӕбӕлаты Лали.

© Sputnik / Наталья Айриян Хъотайты Марияйы брифинг
Оперон зарӕггӕнӕг Хуссар Ирӕй: мӕхи нымайын амондджын адӕймагыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъотайты Марияйы брифинг

Хӕбӕлаты Лали райста фыццаг музыкалон ахуырад Цхинвалы, уый фӕстӕ бацыд Мӕскуыйы Гнесинты номыл музыкалон ахуыргӕнӕндонмӕ.

Зарӕггӕнӕг нӕ фӕнд кӕны фидӕны кусын ахуыргӕнӕгӕй, фӕнды йӕ фӕбӕрзонд кӕнын йӕ фӕлтӕрддзинад.

"Майы мӕ фӕнды ацӕуын Риммӕ цӕрын ӕмӕ кусынмӕ. Афтӕ ма мӕ фидӕны фӕнды бакусын театры дӕр", - радзырдта Хӕбӕлаты Лали.

© Sputnik / Наталья АйриянХӕбӕлаты Лали
Оперон зарӕггӕнӕг Хуссар Ирӕй: мӕхи нымайын амондджын адӕймагыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хӕбӕлаты Лали

Зарӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕсарӕнты цӕргӕйӕ уый никуы ферох кӕны йӕ Фыдыбӕстӕ ӕмӕ арӕх ӕрцӕуы Хуссар Ирыстонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0