25 азы эфиры: ПТРК "Ир"-ы юбилеймӕ рацыд чиныг

© Sputnik / Фатима ПлиеваПТРК "Ир"-ы юбилеймӕ рацыд чиныг
ПТРК Ир-ы юбилеймӕ рацыд чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чиныг бацӕттӕ кодтой раздӕры директор Хъуылымбегты Роберт ӕмӕ ПТ уацхӕссӕг Козаты Дзерассӕ.

ЦХИНВАЛ, 20 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынады 25 азы юбилеймӕ рухсмӕ фӕзынд бӕстӕйы сӕйраг информацион фӕрӕзы тыххӕй чиныг. Рауагъды фенӕн ис национ телеуынынады зонгӕ цӕсгӕмтӕ ӕмӕ йӕ историйы ӕмӕ размӕцыды сӕйраг этаптӕ.

Чиныг бацӕттӕ кодтой раздӕры директор Хъуылымбегты Роберт ӕмӕ ПТ уацхӕссӕг Козаты Дзерассӕ.

"Чиныджы дзырд цӕуы иумӕйагӕй Хуссар Иры телеуынынады равзӕрд ӕмӕ размӕцыдыл ӕмӕ сӕрмагондӕй та ПТРК "Ир" -ыл. Ӕз ӕмӕ Козаты Дзерасса телеуынынады дыууӕ хицӕн фӕлтӕр кӕсӕджы размӕ рахастам ПТРК "Ир"-ы абоны уавӕр ӕмӕ йӕ истори. Рауагъды фенӕн ис 90-ӕм ӕзты цы проблематыл ӕмбӕлдысты йӕ сфӕлдисджытӕ, уыдон, абоны ӕнтыстытӕ ӕмӕ йӕ размӕцыды нывӕзттӕ", - загъта Sputnik автортӕй иу Хъуылымбегты Роберт.

Телеуынынад арӕзт ӕрцыд фӕсхӕст рӕстӕджыты (1994 азы 16 марты ), коллективӕн кӕд нӕ уыд хуымӕтӕджы уавӕртӕ, техникӕ, уӕддӕр сын сӕ энтузиазм ӕмӕ патриотизмы фӕрцы ӕнтыст къуыри ӕртӕ хатты эфиры хизын.

Уӕдӕй нырмӕ паддзахадон телеуынынад сарӕзта стыр къахдзӕфтӕ размӕ, рауӕрӕх ис сӕ техникон ифтонггарз, коллективы сконд баххӕст кодтой ног курдиатджын журналисттӕ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваПТРК "Ир"-ы юбилеймӕ рацыд чиныг
25 азы эфиры: ПТРК Ир-ы юбилеймӕ рацыд чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПТРК "Ир"-ы юбилеймӕ рацыд чиныг
Ног хабӕртты лентӕ
0