Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрад модернизаци кӕны йӕ полигон

© Пресс-служба МО РЮО Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрад модернизаци кӕны йӕ полигон
Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрад модернизаци кӕны йӕ полигон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Полигоны арӕзтад фӕцис 2017 азы, фӕлӕ хъахъхъӕнынадон уагдон дардӕр хуыздӕр кӕны йӕ материалон-техникон базӕ

ЦХИНВАЛ, 27 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрад нывӕнды иудадзыг хуыздӕр кӕнын йӕ полигон "Дзарцъем". Хъахъхъӕнынадон объекты материалон-техникон базӕйы модернизаци кӕныны фӕдыл куыстытӕ уагъд цӕуынц министры хӕдивӕджы къухдариуӕгады бын, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Куыстыты рӕстӕджы сӕйраг хъусдард здӕхт уыдзӕн ӕфсӕддон полигоны техникон ифтонггарзы фӕхуыздӕр кӕнынмӕ. Куыстытӕ уагъд цӕуынц РХИ хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон центры ӕфсӕддонты тыхтӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

© Пресс-служба Министерства обороны РЮОАхуыртӕ полигон "Дзарцъем"-ы
Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрад модернизаци кӕны йӕ полигон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ахуыртӕ полигон "Дзарцъем"-ы

Хъахъхъӕнынады министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, полигоны арӕзтад фӕцис 2017 азы, фӕлӕ хъахъхъӕнынадон уагдон дардӕр хуыздӕр кӕны йӕ материалон-техникон базӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0