"Иугонд Ирыстон" партийӕ депутаттӕм кандидатты номхыгъды сӕргъ слӕууыд Тадтаты Алан

© Партия "Единая Осетия"Парти "Иугонд Ирыстон"
Парти Иугонд Ирыстон  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттӕм кандидатты номхыгъдтӕ сфидар кодтой хуыцаубоны къухдариуӕггӕнӕг партийы уанелы рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik, Козаты Диана. Парти "Иугонд Ирыстон" хуыцабоны сфидар кодта депутаттӕм кандидатты – номхыгъды сӕргъ слӕууыд партийы лидер, Уӕлвӕткон уавӕрты министр Тадтаты Алан.

Хуссар Иры снысан кодтой парламентмӕ ӕвзӕрстыты зылдты схемӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры снысан кодтой парламентмӕ ӕвзӕрстыты зылдты схемӕ

Цхинвалы хуыцаубоны ацыд къухдариуӕггӕнӕг партийы уанел, цы ран хайад райста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

Партион ӕмӕ иумандатон ӕвзарӕн зылдтӕм гӕсгӕ кандидатты номхыгъдтӕ сфидар кодтой сусӕг хъӕлӕсдӕттыны рӕстӕджы.

Президент Бибылты Анатолий стыр саргъ кодта мадзалы организацийӕн.

"Демократийы стыр ӕмвӕзад", - банысан кодта президент.

Партийы лидер Тадтаты Алан банхъардта ма сӕхгӕнын уанел, фӕлӕ адарддӕр кӕнын йӕ куыст ӕвзӕрстыты фӕстӕ ӕмӕ ауадзын уанелы дыккаг этап 16 июны.

Радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты 9 июны ног системӕмӕ гӕсгӕ: 34 депутатæн се 'мбис æвзæрст æрцæудзæн партион номхыгъдтæм гæсгæ, аннæ æрдæг  та - иумандатон зылдтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0