Гуырдзиаг-ирон хӕсты тыххӕй киноныв бавдыстой æхсæнадæмон фестивальмӕ

© AllonFilmAllonFilm
AllonFilm - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Фарастæй иумæ" -йы сфæлдисджытæ сæйрагыл нымайынц 2008 азы хæст æмæ ирон лæппуты хъайтардзинад дунейы æмвæзады рæгъмæ рахæссын

ЦХИНВАЛ, 4 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны национ киностуди "Allonfilm"-ы куыст "Фарастæй иумæ" бавдыстой документалон кинонывты XV æхсæнадæмон фестиваль "Победили вместе"-мӕ, фехъусын кодта Sputnik киностудийы директор Мамиты Григорий.

Джиоты Азæмæт æмæ Багаты Амиран - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фарастæй иумæ": Цхинвалы равдисдзысты Багаты Амираны къордыл киноныв

Документалон фильм таурæгъ кæны ирон лæппуты хъайтардзинадыл, кæцытæ 2008 азы хæсты Уырысы æххуысы рцыдмæ урæдтой хотыхджын æнæкæрон гуырдзиаг æфсады. Кинонывы центры сты зынгхуыст хъайтартӕ - хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды разамонæг Багаты Амиран æмæ йе 'мкусæг Джиоты Азæмæт (Пантера), кӕцытӕ фæмард сты уыцы тохы.

"Фестивалӕн ис уӕрӕх географи – ацы аз дзы 30 бӕстӕйы минӕвӕрттӕ бавдыстой сӕ кинонывтӕ, се 'хсӕн Америкæ, Китай, Инди, европӕйаг паддзахадтӕ. Сӕйраг у Хуссар Ирыстон кӕй архайы киноиндустри тынг размӕцыд цы бӕстӕты у, уыдон ӕмрӕнхъ. Ноджы ма ахадгӕ у Хуссар Ирыстоны 2008 азы хӕст ӕмӕ нацийы хъайтартӕ фенын кæнын дунейӕн, ацы тӕккӕ уый хорзӕхтӕй мæнæн у ахсджиагдӕр", - загъта Мамиты Григорий.

Sputnik равдыстой фильм дывæр агент Колыты Иналыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Мæлæтимæ хæснаг": Sputnik равдыстой фильм дывæр агент Колыты Иналыл

Фестиваль ацæудзæн 12-18 майы Севастополы. Ивгъуыд аз ам "Allonfilm" бавдыста йӕ аннӕ киноныв "Мæлæтимæ хæснаг".

Хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды командир Багаты Амиран йæ къордимæ 2008 азы хæсты æрлæууыд столицæмæ ныгуылæнæй бырсæг гуырдзиаг æфсæддонты раз. Уыцы къорд фараст адæймаджы скондæй æрурæдта æфсады æрбабырст. Хæсты архайджыты æвдисæнтæм гæсгæ, знаджы хотыхджын æфсады нымæц хызт 5 сæдæйæ. Сæ амæлæты фæстæ уыдон хорзæхджын æрцыдысты бæстæйы уæлдæр æфсæддон хорзæх "Уацамонгæ"-йæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0