Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта шансонье Тасойты Игоры

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент схорзӕхджын кодта шансонье Тасойты Игоры
Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта шансонье Тасойты Игоры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта зындгонд зарӕггӕнӕджы бӕрзонд ӕмвӕзады профессионализм

ЦХИНВАЛ, 5 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта горӕты администрацийы культурӕ, фӕсивӕд ӕмӕ спорты хайады сӕргълӕууӕг Тасойты Игоры Хуссар Ирыстоны Кады грамотӕйӕ йӕ хайбавӕрды тыххӕй эстрадон авиад ӕмӕ бӕрзонд ӕмвӕзады профессионализмӕ тыххӕй. Хорзӕх лӕвӕрд ӕрцыд хисӕрмагонд концерты рӕстӕджы, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Тасойты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тасойты Игорь хайад райсдзæн æхсæнадæмон фестиваль "Гуляй и пой душа"-йы

"Иттӕг хорз, ахӕм курдиатджын артисттӕ нӕм кӕй ис. Йӕ фыццаг рахызтӕй хуссарирыстойнаг сценӕмӕ уыйы бауарзта кӕсӕг. Бузныг дын зӕгъын  дӕ адӕймагдзинад, хорззæрдæ, хӕрзӕбонӕн архайд ӕмӕ организаци кӕнынмӕ арӕхстдзинады тыххӕй", - загъта уый.

Паддзахады сӕргълӕууӕг ма банысан кодта зарӕггӕнӕджы вокалон арӕхстдзинады бӕрзонд ӕмвӕзад ӕмӕ йын йӕ цӕст бауарзта, цӕмӕй бирӕ ӕзты ӕхцондзинад хӕсса йӕ сфӕлдыстады табугӕнджытӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0