Хуссарирыстойнаг джипертæ рамбылдтой ЦКФЗ ерыстæ

© instagram/Анатолий БибиловХуссарирыстойнаг джиппертæ рамбылдтой ЦКФЗ ерыстæ
Хуссарирыстойнаг джиппертæ рамбылдтой ЦКФЗ ерыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Экипажы Кавказы лидертӕ суӕвынмӕ хъӕуы ноджы фондз этап рамбулын

ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг клуб "Скиф 4x4"-ы экипаж рамбылдта Цӕгат Кавказы федералон зылды æвзæрвадат фæндæгтыл ерысты фыццаг этап "спорт"-ы категорийы. Экстремалон скъӕрдӕй Кавказы тыхджындӕр спортсментӕ - Лӕууойты Сева ӕмӕ Гӕззаты Олегӕн арфӕ кӕнынмӕ бацыд паддзахады сӕргълӕууӕг.

"Бацыдтӕн арфӕ кӕнынмӕ джип-спринты "спорт"-ы категори нӕ уӕлахиздзаутӕн. Бӕдӕйнӕгтӕ! Дарддӕры ӕнтыстытӕ! Сӕрыстыр уӕ стӕм", - ныффыста Instagram-ы президент Бибылты Анатолий.

Экстремалон шофыртæ сæ тыхтæ бавзæрстой джип-триалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Экстремалон шофыртæ сæ тыхтæ бавзæрстой джип-триалы

Хуссар Ирыстоны экипаж - пилот Лӕууойты Сева ӕмӕ штурман Гӕззаты Вадимы скондӕй у "спорт"-ы категорийы ерысты  ӕдзухон лидер.

"Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты спорты категорийы рамбылдтам ерыстӕ. Уыдон уыдысты цӕгаткавказаг ерысты фыццаг этап, ноджы ма ӕнгӕс мадзӕлттӕ ацӕудзӕн Цӕгат Кавказы горӕттӕй ӕхсӕзы, уый фӕстӕ фӕбӕрӕг уыдзысты ацы ӕмвӕзады ӕппӕт арӕхстджындӕр экипажтӕ", - фехъусын кодта Sputnik клуб "Скиф 4x4"-ы хистæр Лæууойты Сева.

Джип-спринты ерыстæ ацыдысты Цӕгат Ирыстоны Санибайы хъӕуы, 14 апрелы.

Ног хабӕртты лентӕ
0