Хуссар Иры æмбæстæгтæй 150-йæ фылдæр райстой материалон æххуыс апрелы

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æхца
Уæрæсейаг æхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы хицауад цы адресон æххуыс кæны, уый иумæйаг суммæ апрелы схызт иу милуан æмæ æрдæг соммæ

ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон райрæзты министрад ацы азы апрелы мæйы рахицæн кодта æххуысхъуаг бинонтæн 1,5 милуан сомы.

Материалон æххуыс райстой республикæйы 151 æмбæстаджы, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.

Больничный коридор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта материалон æххуысы суммæтæ

"Уыдонæй æхсæз сты I æмæ II группæйы инвалидтæ (65 мин сомы), 13 инвалиды сабибонтæй фæстæмæ (130 мин сомы), 63 бирæсывæллонджын бинонтæ (690 мин сомы), 20 фæмардуæвæджы бинонтæ (200 мин сомы), 12 æххуысхъуаг бинонтæ (135 мин сомы), фараст сидзæры (95 мин сомы), æнæниздзинады уавæры тыххæй иурæстæгон æххуыс райстой цыппар æмбæстаджы (65 мин сомы), афтæ ма СФХ 24 хайадисæджы (120 мин сомы)", - дзырдæуы хъусинаджы.

Зын цардуагон уавæрты бахауæг æбæстæгтæн адресон æххуыс конд цæуы республикæйы хицауады барамынæй 2015 азы октябрæй фæстæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0