Бибылты Анатолий: фӕнды нӕ, цӕмӕй Иран банымайа Хуссар Иры хӕдбардзинад

© youtube/Freelance TV ProducerХуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг радзырдта интервьюйы ирайнаг журналистӕн дыууӕ бӕстӕйы хсӕн ахастытӕ сфидар кӕныны фадаттыл

ЦХИНВАЛ, 14 май— Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолийы уырны, Иран кӕй банымайдзӕн Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад ӕмӕ дыууӕ паддзахад сфидар кӕндзысты ахастытӕ алкӕцы фадыджы дӕр. Уый тыххӕй президент радзырдта интеврьюйы ирайнаг журналист Хаял Муаззинӕн.

Майы райдайӕны Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд фӕсарӕйнаг журналистты къорд. Пресс-туры рӕстӕджы Иран ӕмӕ Латинаг Америкӕйы ДИФ-ты минӕвӕрттӕ фембӕлдысты президент Бибылты Анатолиимӕ, бацыдысты Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университетмӕ, национ музеймӕ ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театрмӕ.

Бибылты Анатолий банысан кодта, Хуссар Ирыстоны кӕй фӕнды сфидар кӕнын хорз ахастытӕ алкӕцы паддзахадимӕ, се хсӕн Иран дӕр.

"Ирон у хӕстӕг бӕстӕ ирӕттӕн. Не взаг хауы индоевропейаг ӕвзӕгты къордмӕ, ӕмӕ махӕн нӕ традицитӕй дӕр бирӕтӕ сты ӕмхуызӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕнды сфидар кӕнын ахастытӕ Иранимӕ", - загъта президент.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Ираны хсӕн нырма нӕй официалон ахастытӕ, фӕлӕ культурон баивд баххуыс кӕндзӕн дыууӕ бӕстӕйӕн райдайын ӕмгуыстад кӕнын.

Президент банысан кодта, культурон ахастытӕ куы сфидар кӕной, уӕд бӕстӕты хсӕн фӕзындзӕн экономикон ӕмӕ политикон бастдзинӕдтӕ дӕр.

"Мӕн уырны, политикон ахастытӕ дӕр кӕй сфидар кӕндзыстӕм. Хӕстӕгон ахастыты руаджы Ираны къухдариуӕг банымайдзӕн Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад", - фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг.

Бибылты Анатолий загъта йӕ хъуыды америкайаг санкциты тыххӕй дӕр Ираны ныхмӕ ӕмӕ фехъусын кодта Хуссар Ирыстонӕн йӕ бон кӕй уыдаит фӕкъаддӕр кӕнын сӕ фактор.

Ног хабӕртты лентӕ
0