Сквертӕ ӕмӕ ног фасадтӕ: цы ногдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Хуссар Иры столицӕмӕ

© Sputnik / Элина ГабараеваЗӕронд агъуысты демонтаж
Зӕронд агъуысты демонтаж  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы мэр радзырдта зӕронд бӕстыхӕйтты бынаты паркты хӕрзарӕзтады тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 17 май - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Стыр ивындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Цхинвалы сӕйраг уынгтӕй иумӕ – Мӕскуыйагмӕ, фехъусын кодта Sputnik столицӕйы администрацийы сӕрдар Коцты Алан.

Мэры ныхӕстӕм гӕсгӕ, нывӕзтыты фӕлгӕтты горӕты администраци сног кӕндзӕн муниципалон хӕдзӕртты фасадтӕ ӕмӕ сарзадзӕн ног сквертӕ.

"Фидауынгӕнӕн тыхты уынгыл хӕдзӕртты фасадтӕ сцалцӕг кӕндзысты. Раздӕры универмагы бынаты, кӕцы басыгъд 2008 азы хӕсты рӕстӕджы, фӕзындзӕн сквер. Ноджы ма улӕфӕн зонӕ фӕзындзӕн турбазайы цур", - банысан кодта мэр.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы администрацийы коммуналон службӕтӕ райдыдтой демонтаж кӕнын турбаза "Ирыстон"-ы цур бӕстыхай, кӕцыйы бынаты сараздзысты сквер ӕмӕ сывӕллӕтты фӕзуат.

Цхинвалы Цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады хайады хистӕр Лалыты Сослан радзырдта Sputnik, бӕстыхай кӕй уыд зӕронд ӕмӕ тӕссаг уыд йӕ ныккӕлынӕй.

"Турбазӕ "Ирыстон" куы куыста, уӕд ацы бӕстыхайы уыд хӕрӕндон. Фӕлӕ бирӕ ӕзты фӕстӕ уый ссис тӕссаг цӕрджытӕн, кӕцытӕ цӕрынц раздӕры турбазӕйы", - загъта Лалыты Сослан.

Арӕзтадон куыстыты архайынц столицӕйы администрацийы кусджытӕ ӕмӕ техникӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0