Адæмон къамисæг Гæбæраты Неллийы ном сæнусон кæндзысты Цхинвалы

© Фото из архива Нелли ГабараевойКъамисæг Гæбæраты Неллийы ном сæнусон кæндзысты Цхинвалы
Къамисæг Гæбæраты Неллийы ном сæнусон кæндзысты Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гæбæраты Неллийæн йæ уарзон къамтæй иу суыдзæн цырты бындур. Къамыл ис ирд, фæлæ æнкъард хуыз, фæззыгон ахорæнтæ æмæ бур колгæ кæд къам сфæлыстой хуызтæй, уæддæр фæззыгон сыфтæрызгъæлæн æмæ афтид бандон гуырын кæнынц æнкъард хъуыдытæ

ЦХИНВАЛ, 28 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры столицæйы улæфæн зонæтæй иуы фæзындзæн адæмон къамисæг, ахуыргæнæг æмæ активист Гæбæраты Неллийы æнахуыр цырт. Номарæн къуымы цард бауадздзысты дзæнæттаг нывисæджы уарзон къамтæй иуы, фехъусын кодта мадзалы инициатор, радио "Ир"-ы директор Цхуырбаты Алан.

Инициаторты фæндмæ гæсгæ, горæты цады цур фæзындзæн æндонæй конд фæхсбандон, йæ уæлæ та уыдзæн бур колгæ æмæ къамисæн - дыууæ дæр уыдысты Гæбæраты Неллийы æдзух æмбæлццонтæ. Уæлфыст æмбарын кæндзæн, бандон Неллийæн нывонд кæй у.

Цхинвалы йе ʻнусон бынатмӕ афӕндараст кодтой Гӕбӕраты Неллийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы йе ʻнусон бынатмӕ афӕндараст кодтой Гӕбӕраты Неллийы

"Гæбæраты Неллийы мæлæты хæдразмæ цалдæр хатт чысыл къордтæй ацыдыстæм балцты - куы физонæг кодтам, куы глинтвейн арæзтам, куы та хæрзаудæн акцитæ кодтам. Афтæ циндзаст уыд æмæ куы фæхъуыд, уæд адæмы уырнгæ дæр нæ кодта. Уæд йе 'мбæлтты бафæндыд ацы ирд сылгоймаджы ном сæнусон кæнын Цхинвалы, афтæ райгуырд цырт сæвæрыны хъуыды", - загъта Цхуырбаты Алан.

Гæбæраты Неллийæн йæ уарзон къамтæй иу суыдзæн цырты бындур. Йæхи ист къамыл ис ирд, фæлæ æнкъард хуыз - фæззыгон ахорæнтæ æмæ бур колгæ кæд къам сфæлыстой хуызтæй, уæддæр фæззыгон сыфтæрызгъæлæн æмæ æфтид бандон гуырын кæнынц æнкъард хъуыдытæ.

"Ӕнкъард æмæ ирд ныв уыд Фейсбукы йæ профилы фоны къам. Ацы къам ма баххæст кæндзыстæм нывисæнæй, науæд планшетæй. Цыма уым бадт æмæ ацы тæккæ ахызт. Фæнды нæ номарæн фæхсбандон сæвæрын горæты цады цур, ардæм арæх цыд йæ чызджы зæнæгимæ, цæргæ дæр æввахс кодта. Уым хæстæг ис йæ куыст дæр - Аивæдты лицей, ам иста йæ къамтæ сæумæрайсом æмæ изæрмилты", - бафтыдта уый.

Цхуырбаты Алан ма банысан кодта, цырт кæй слæудзæн 100 минмæ æввахс.

"Йæ хæрдзтæ нын банымадта скульптор Бекъойты Алан. Фæнды нæ йæ хæлæрттæ æмæ æмгæртты хсæн расидын фæрæзты æмбырд", - загъта Цхуырбаты Алан.

Гӕбӕраты Нелли - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг Нелли Блай - Гӕбӕраты

Гæбæраты Неллийы - хъæлдзæг, активон æмæ ирд сылгоймаджы - зыдта æгас горæт. Ахуыргæнæг профессимæ гæсгæ, фæлæ æвæллад къамисæг фæстаг дæс азы уыд республикæйы ахадгæ цауты æмæ мадзæлтты архайæг. Йæ чысыл къамисæны объективы бахауд столицæйы алкæцы цæрæг дæр. Йӕ куыстытӕ уыдысты Хуссар Иры ӕппӕт конкурсты уӕлахиздзауты нымӕцы. Ӕппӕт нысаниуӕгджын мадзӕлттӕм уый хӕццӕ кодта профессионалон журналисттӕй ӕмӕ фотографтӕй раздӕр.

Цхинвайлаг нывисӕджы цӕстӕнгасӕй сӕ райгуырӕн зӕххыл цы ивындзинӕдтӕ цӕуы, уыдон уыдтой Хуссар Иры бынӕттон цӕрджытӕ ӕмӕ ардыгӕй ацӕугӕ адӕм дӕр.

Адӕмон къамисӕг йӕ цардӕй ахицӕн 2019 азы марты 62 азы кары.

Ног хабӕртты лентӕ
0