Равдыст æмæ армукъа: Цхинвалы мыддарджытæ бавдисдзысты сæ продукци

© Flickr / Rachael BonoanЦхинвалы мыддарджытæ бавдисдзысты сæ продукци
Цхинвалы мыддарджытæ бавдисдзысты сæ продукци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног къуыри уал равдыстмæ рахæсдзысты мыддарды продукци, августы та сараздзысты армукъа, цы ран уыдзæн балхæнæн Хуссар Иры алы кæмттæй мыд

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы ацæудзæн мыды продукци æмæ йæ ифтонгады равдыст. Мадзал уадзы мыддарджыты ассоциаци Цхинвалы бирæпрофилон колледжимæ иумæ, фехъусын кодта Sputnik ассоциацийы бындурæвæрæг Джиоты Феликс.

уссар Ирыстоны мыддарджыты ассоциаци бындурӕвӕрӕг Джиоты Феликс  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры кӕнынц мыддарды курсытӕ

Мыды равдыст ацæудзæн 7 июны Цхинвалы бирæпрофилон колледжы кæрты.

"Равдысты уыдзæн дыууæ хуызы мыд – акацийы æмæ хæххон. Уымæй дардæр бавдисдзысты мыддарды куысты аразгæ продукттæ, уыдон нымæц хизы дæсмæ, се ʻхсæн мыд, мыдадз, забрус, подмор æмæ æндæртæ. Цæттæ продукцийæ дарддæр адæмы размæ рахæсдзысты мыддарды куысты ифтонгад дæр", - загъта Джиоты Феликс.

Ассоциацийы бындурӕвӕрӕг ма радзырдта, республикæйы мыддарджытæ сæрды кæрон та кæй сараздзысты ноджы гуырахстджындæр мадзал.

"Августы фæнд кæнæм ауадзын фыццаг мыды равдыст. Уæд Цхинвалы центры ног аргъуаны кæрты сæ продукци бавдисдзысты Хуссар Иры мыддыарджытæ хицæн кæмттæй", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны мыддарджыты нымӕц хизы 50 онг. Сӕ баиугондӕн бантыст ивгъуыд аз саразын хӕрзаудӕн акци – баххуыс кодтой Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзарӕн цалдӕр банкӕ мыдӕй. Ацы аз та сӕ хӕрзаудӕн мадзалмӕ бамбал кӕндзысты зӕрӕдты хӕдзар "Забота"-йы.

Ног хабӕртты лентӕ
0