"Булæмæргъ" ногæй сиды литератортæм конкурсмæ

© сайт посольства РЮО в РФ "Булæмæргъ"
 Булæмæргъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд аз конкурсы премийы хицау бацыдис Sputnik Хуссар Ирыстоны журналист Уалыты Диана йе 'мдзæвгæты æмбырдгонды тыххæй

ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы хъусын кæны 2019 азы Æхсæнадæмон литературон преми "Булæмæргъ"–мæ куыстытæ исыны тыххæй. Сæ куыстытæ раразмæ кæныны бар ис курдиатджын фысджытæ, поэттæ æмæ тæлмацгæнджытæн.

Ивгъуыд аз премийы хицау бацыдис Sputnik Хуссар Ирыстоны журналист Уалыты Диана йе 'мдзæвгæты æмбырдгонды тыххæй.

"Преми райсыны тыххæй раразмæгонд цæуынц ирон æвзагыл фыст уацмыстæ æмæ æндæр æвзæгтыл фыст уацмысты авторон тæлмацтæ. Раразмæ кæнæн ис романтæн, уацаутæн, радзырдты, науæд уацауты æмбырдгæндтæн, æмдзæвгæты æмбырдгæндтæн, документалон прозæ æмæ мемуартæн", — хъусын кæны Хуссар Ирыстоны минæварады пресс-службæ.

Уацмысты автортæ кæм цæрынц æмæ уацмыстæ кæм рацыдысты мыхуыры, уымæн преми ницы арæнтæ æвæры.

Бестауты Аланӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Булæмæргъ"-ы лауреат Бестауты Аланӕ: Ирыстон фысджыты фæндиаг уæд

Фыццаг премийы бæрц у 60 000 сомы бæрц, дыккаг премии – 40 000 сомы, æртыккаг та – 30 000 сомы.

Преми райсыны тыххæй уацмыстæ ист цæудзысты кæфты мæйы 30 бонмæ.

Ивгъуыд æзты "Булæмæргъ"-ы лауреаттæ ссисты Плиты Инал, Годжысаты Нелли, Бестауты Аланӕ, Томайты Роксана, Чехойты Оля æмæ æндæртæ.

Ирон æвзаджы райрӕзт æмæ парахат кæныны нысанӕн Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы расидт литературон преми "Булæмæргъ" фыццаг хатт 2015 азы кæрон. Минæварад преми расиды организаци "Стройцентр"-ы æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0