МХМ æрцахста Цхинвалы кæрæдзи æхсты архайджыты

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæМХМ æрурæдта Цхинвалы кæрæдзи æхсты архайджыты
МХМ æрурæдта Цхинвалы кæрæдзи æхсты архайджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Инцидент ʻрцыд 10 июны столицæйы централон алвæндæгтæй иуыл

ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Амарынмæ бафæлварыны хъуыддаджы цыппар зæрдæхсайгæ адæймаджы, кæцытæ архайдтой æхстимæ хъаугъайы Цхинвалы центры, арурæдтой æмæ сæ бакодтй МХМ-ы рæстæгмæ дарæн изолятормæ, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.

"Цыппар дæр сты столицæйы цæрджытæ. Уыдонæй æртæ не ʻсразы сты медицинон басгæрст рацæуын наркотикон буарадтæй пайда кæныны сбæрæг кæнынæн æмæ горæт Цхинвалы тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ хæсдзысты административон бæрндзинад - дыууæ мæйы æмгъуыд ахст",- дзырдæуы хъусинаджы.

Уымæй дарддæр ма зæрдæмæхсайгæты нымæцы ис Цхинвалы 31 –аздзыд цæрæг, кæцы ныридæгæн цæуы агуырд.

МХМ зæрдыл æрлæууын кодтой кæрæдзи æхст æрцыд Пушкины уынг æмæ Джиоты Аланы проспекты алвæндагыл 10 июны. Цау фæстиуæгæн Цхинвалы 40-аздзыд цæрæг бахауда цæфтимæ рынчындонмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0