Хуссар Иры парламенты вице-спикертæй равзæрстой дыууæ партийы раздзогты

© Sputnik / Диана КозаеваРХИ ног парламенты фыццаг сессии
РХИ ног парламенты фыццаг сессии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абон ма депутаттæ разæрстой парламенты спикер æмæ йæ фыццаг хæдивæджы - уыдон ссисты парти "Иугонд Ирыстоны" минæвæрттæ Тадтаты Алан æмæ Гасситы Петр

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik, Козаты Диана. Ног равзæрст парламенты фыццаг сессийыл равзæрстой ноджы дыууæ вице-спикеры - ацы бынæттæ бацахстой партитæ "Дзыллæйы иудзинад" æмæ "Адæмон парти"-йы раздзогтæ Чилæхсаты Владимир æмæ Плиты Александр.

Петр Гасситы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламенты фыццаг вице-спикер ссис Гасситы Петр

Уыдонæй дарддæр ма раразмæгонд æрцыдысты парти "Ныхас"-æй депутаттæ Ӕлборты Алан æмæ Уалыты Ибрагимы кандидатурæтæ, парламентарийты фылдæр схæлæс кодтой Чилæхсаты Владимир æмæ Плиты Александрæн. 

Уый адыл, æвдæ æрсидты депутат абоны сессийыл снысан кодта йæ къухдариуæгадон сконд. Спикер æмæ йæ фыццаг хæдивæджы бынæттæ бацахстой Тадтаты Алан æмæ Гасситы Петр.

Парламентон комитетты сæргълæуджытæ та æвзæрст æрцæудзысты радон сессийыл, кæцы ацæудзæн 26 июны.

Хуссар Ирыстоны 9 июны ацыдысты депутатты ӕвзӕрстытӕ, уыдон фӕстиуӕгӕн парламенты бынӕттӕ райстой фондз политикон парти ӕмӕ 17 иумандатоны.

Ӕвзӕрстыты фӕстиуӕгӕн ног парламенты фылдӕр бынӕттӕ ногӕй бацахста парти "Иугонд Ирыстон" - уый раста авд мандаты партион номхыгъдмӕ гӕсгӕ, авд та сты, партийы номӕй сӕхи чи раразмӕ кодта, уыдон. Дыккаг бынатыл ис "Адӕмон парти", ӕртыккагыл та "Ныхас". Афтӕ ма ног парламентмӕ бацыдысты "Дзыллӕйы иудзинад" ӕмӕ Коммунистон парти.

Ног хабӕртты лентӕ
0