Хуссар Иры парламент æртыццæджы снысан кæндзæн комитетты сæрдæртты

Рафыссын
Депутаттæ ма сфидар кæндзысты дыууæ къамисы сконд æмæ сæрдæрттæ

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Иры парламенты æвдæм æрсидты фыццаг сессийы адарддæр уыдзæн æртыццæджы - депутаттæ фæд кæнынц сфидар кæнын парламентон комитетты разамонджыты.

Тадтаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламент равзæрста ног спикеры

Ӕвдæм æрсидты сконд кусын райдыдты ивгъуыд къуыри, 20 июны. Уæд æвзæрст æрцыдысты спикер æмæ йеʻртæ хæдивæджы. Ацы бынæтты слæууыдысты парти "Иугонд Ирыстоны" размонæг Тадтаты Алан, экс-спикер, ныр та фыццаг вице-спикер Гасситы Петр, стæй ма "Адæмон парти"-йы лидер Плиты Александр æмæ "Дзыллæйы иудзинад"-ы лидер -Чилæхсаты Владимир.

РХИ ног парламенты фыццаг сессии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламенты вице-спикертæй равзæрстой дыууæ партийы раздзогты

Парламенты структура æххæстæй сфидар кæнынæн хъæуы парламентон комитетты разамонджытæ равзарын. Ивгъуыд æрсидты комитетты нымæц уыд фараст.

Уымæй дарддæр ма, депутаттæ сфидар кæндзысты дыууæ парламентон къамисы сконд æмæ хистæрты – депутатон этикæ æмæ регламенты фæдыл.

Ныры æрсидтмæ бацыд фондз политикон парти "Иугонд Ирыстон", "Адæмон парти", "Ныхас", "Дзыллæйы иудзинад" æмæ Компарти.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0