Президент йе ʻххуысгӕнӕгӕй снысан кодта экс-депутаты

© Sputnik / Наталья АйриянПрезидент йеʻ ххуысгӕнӕгӕй снысан кодта экс-депутаты
Президент йеʻ ххуысгӕнӕгӕй снысан кодта экс-депутаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздӕры парламентарий уыд "Иугонд Ирыстон"-ы партийон номхыгъды

ЦХИНВАЛ, 4 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий снысан кодта йе ʻххусыгӕнӕгӕй парламенты раздӕры депутат Касаты Ацӕмӕзы. Уый тыххӕй барамынд мыхуыр ʻрцыд паддзахады сӕргълӕууӕджы официалон сайтыл.

"Касаты Ацӕмæз Георгийы фырты снысан кӕнын Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты ӕххуысгӕнӕгæй. Барамынд йӕ тыхы цӕуы йӕ бафыстӕй", - дзырдӕуы суагъӕйы.

Касаты Ацӕмӕз уыд парламенты ӕхсӕзӕм ӕрсидты депутат парти "Иугонд Ирыстон"-ӕй. Уый райста депутатон мандат, закондӕттӕг орган профессионалон бындурмӕ куы рахызт ӕмӕ ПТРК "Ир"-ы директор Челӕхсаты Георгий йӕ парламентон куыст куы ныууагъта, уӕд.

Хуссар Иры парламент æртыццæджы снысан кæндзæн комитетты сæрдæртты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент æртыццæджы снысан кæндзæн комитетты сæрдæртты

Касаты Ацӕмӕз уыд партийон номхыгъды ӕвдӕм ӕрсидты ӕвзӕрстыты рӕстӕджы дӕр 12 номырӕй. Цы фадыг уыдзæн йӕ бӕрны ног бынаты, уый барамындӕй бӕрӕг нӕу.

Йӕ аннӕ барамындӕй президент йӕ бынатӕй ссӕрибар кодта Сергей Липины, кӕцы разамынад дӕтта президенты администрацийы адӕмы куырдиӕтты фӕдыл управленийӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0