Бибылты Анатолий арвыста тæфæрфæсы тел УФ 14 наудзоджы мæлæты фæдыл

© Sputnik / Сергей Ещенко /  Ахизын медиабанкмæПрезидент арвыста тæфæрфæсы тел Уæрæсейы 14 наудзоджы мæлæты тыххæй
Президент арвыста тæфæрфæсы тел Уæрæсейы 14 наудзоджы мæлæты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын

ЦХИНВАЛ, 4 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий арвыста тæфæрфæсы тел Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путинмæ 14 наудзоджы мæлæты тыххæй Баренцевы денджызы. Ӕмбæлон телеграммæ мыхуыр æрцыд РХИ президенты сайтыл.

"Стыр хъыгимæ райстам Баренцевы денджызы атомон дæлчема АС—12-ыл æрцæугæ уæззау трагеди, цы ран бабын сты 14 наудзоджы. Хуссар Иры разамынад, адæм æмæ мæхи номæй тæфæрфæс кæнын бабынуæвджыты бинонтæ æмæ æввахс адæмæн, мæ зæрдæ ма зæгъы фæцæфуæвджытæ, цæмæй снæниз ой", - дзырдæуы тексты.

Цау æрцыд фыццæгæм июлы. Зынгивæзты рæстæджы фæмард сты 14 наудзоджы.

Цауы сгарыны куыст ис Уæрæсейы æфсæддонденджызон флоты къухдариуæггæнæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0