Медиктæ радзырдтой РХИ МХМ фæцæфуæвæг кусджыты уавæры тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянРынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныхас цæуы зианбаййафджыты Уæрæсемæ аласыныл

ЦХИНВАЛ, 18 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, кæцытæ райстой цæфтæ фыдгæнджытимæ кæрæдзи æхсты рæстæджы сты æнæивгæ уæззау уавæры, фехъусын кодтой Sputnik рынчындоны реанимацийы хайады.

Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕты ӕрцахстой Гуырдзыстоны территорийыл

Дыццæджы Цхинвалы районы Залдайы хъӕуы тыхон структурӕтимӕ ӕхсты Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕт фӕцӕф кодтой МХМ дыууӕ кусӕджы. Фыдгӕнджытӕ фӕтары сты цауы бынатӕй, фæстæдæр сæ ʻрцахстой Гуырдзыстоны территориыл.

"Дыууæ фæцæфуæвæг сты реанимацийы хайады. Сæ уавæр у æнæивгæ уæззау. Рæуджытæ кусынц аппаратæй, дохтыртæ æппæтдæр аразынц сæ цард аирвæзын кæнынæн", - загъта ныхасæмбал.

Рынчындоны банысан кодтой, ныридæгæн ныхас цæуы зианбаййафджыты уæрæсейаг медицинон центрæй иумæ акæнын, фæлæ фарст нырма скъуыддзаг нæу.

Ног хабӕртты лентӕ
0