Владимир Путин сратификаци кодта протокол Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты уӕвыны тыххӕй

Рафыссын
Раздӕр документ хорзыл банымадтой Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны закондӕттӕг органты

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин бафыста федералон закон, кӕцы ратификаци кӕны ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл Хуссар Ирыстонимӕ бадзырды протокол, хъусын кӕны цыппӕрӕмы РИА Новости.

Хуссар Ирыстоны Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир сратификаци кодта ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Луганскимӕ

Документмӕ гӕсгӕ, "иу фарсы ӕмбӕстӕгтӕн ис фадат уӕвын иннӕ бӕстӕйы территорийыл ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй ӕмгъуыдмӕ гӕсгӕ, кӕцы фидаргонд у дыууӕ бӕстӕйы законтӕй".

Протоколы реализацийы руаджы дарддӕр райтынг уыдзысты Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн ахастытӕ, банысан кодтой документы.

Ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл протокол бафыстой Мӕскуыйы 2018 азы 9 ноябры. Уый размӕ 2015 азы 18 марты, бӕстӕтӕ бафыстой ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырд.

Хуссар Ирыстоны депутаттӕ сратификаци кодтой Уӕрӕсейы территорийыл Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты уӕвыны тыххӕй протокол 2018 азы. Уый размӕ республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн уыд фадат уӕвын УФ территорийыл 90 боны.

Ног хабӕртты лентӕ
0