Хуссар Иры аскъуыддзаг кодтой бӕстыхайы арӕзтады проблемӕ Дменисы хъӕуы

© Фото: А. Багаев Дменисы хъӕуы административон комплекс
Дменисы хъӕуы административон комплекс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕстыхайы къултӕ сарӕзтой дӕс азы размӕ, фӕлӕ стӕй куыстытӕ ӕрурӕдтой финанстимӕ проблемӕты тыххӕй. Проблемӕ скъуыддзаг кӕнын райдыдтой хъӕуы цӕрджыты фембӕлды фӕстӕ президент Бибылты Анатолиимӕ

ЦХИНВАЛ, 19 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Дменисы хъӕуы фӕуд кӕнынц административон комплексы фыццаг уӕладзыджы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, фехъусын кодта Sputnik районон администрацийы пресс-секретарь Тъехты Сима.

Уый банысан кодта, бӕстыхайы цалцӕггӕн куыстытӕм, кӕцыйы уыдзысты бынӕттон администраци, милици ӕмӕ культурӕйы хайад, бавнӕлдтой ацы аз уалдзӕджы.

"Объектыл кусынц бынӕттон цӕрджытӕ. Ацы аз нывӕндынц сцалцӕг кӕнын фыццаг уӕладзыг, мидӕггагон куыстытӕ дзы фӕуыдзысты августмӕ. Дыккаг уӕладзыг цалцӕг кӕндзысты фидӕн аз", - загъта Тъехты Сима.

Пресс-секретарь бафтыдта, дыккаг уӕладзыджы кӕй сараздзысты зал мадзӕлттӕ уадзынӕн.

Дыууӕуӕладзыгон бӕстыхай райдыдтой аразын 2008 азы хӕсты фӕстӕ. Ам нывӕндысты саразын агъуыст районы милицийы хайадӕн. Къултӕ сарӕзтой, фӕлӕ куыстытӕ ӕрурӕдтой финанстимӕ проблемӕты тыххӕй. Ахӕм уавӕры агъуыст лӕууыд дӕс азы.

Районы цӕрджытӕ бирӕ хатт бадзырдтой бӕстӕйы къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕной ацы фарст. Дыууӕ азы размӕ агъуысты баивтой уӕлхӕдзар. Бынӕттон цӕрджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы Бибылты Анатолий дзырд радта, агъуыст кӕй сцалцӕг кӕндзысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0