Хуссар Иры фӕфылдӕр ис фыдракӕндты бӕрӕгкӕнынад, фехъусын кодта МХМ сӕргълӕууӕг

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ МХМ
РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мидхъуыддӕгты министр хыгъдлӕвӕрд радта хицауадӕн ацы азы ӕхсӕз мӕйы куысты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 19 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны регистрацигонд фыдракӕндты нымӕц ацы аз фӕкъаддӕр ис 2018 азы аналогион периодмӕ абаргӕйӕ, загъта Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг Наниты Игорь премьер-министр Пухаты Эрикимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

"2018 азы аналогион периодмӕ абаргӕйӕ регистрацигонд фыдракӕндты нымӕц фӕкъаддӕр ис 32,7 проценты, бӕрӕгкӕнынад та ис бӕрзонд ӕмвӕзадыл. Ацы азы ӕхсӕз мӕймӕ сӕххӕст кодтой 74 фыдракӕнды, уыдонӕй сбӕрӕг кодтой 58, фарон та сӕххӕст кодторй 110 ӕмӕ сбӕрӕг кодтой 98 фыдракӕнды", - хъусын кӕны министры ныхӕстӕ хицауады пресс-службӕ.

Наниты Игорь бахахх кодта, барадхъахъхъӕнӕг органты архайды руаджы республикӕйы территорийыл нал уӕй кӕнынц уӕззау наркотиктӕ.

Пухаты Лев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хъӕууон хӕдзарады министр хыгъдлӕвӕрд радта хицауады сӕрдарӕн

Афтӕ ма иу ӕмвӕзадыл сты бӕрӕггӕнӕнтӕ ахӕм фыдракӕндтӕй, куыд фӕлывдми ӕмӕ ӕнӕрегистрацигонд хӕцӕнгарз ӕвӕрын.

Уымӕй дарддӕр министр банысан кодта, республикӕйы кӕй фӕкъаддӕр сты фӕндагон-транспортон цауты бӕрӕггӕнӕнтӕ, се хсӕн уӕззау аваритӕ. Наниты Игорь бахахх кодта, зӕгъгӕ, уый сӕххӕст ис фӕндагон-постон службӕйы техникон базӕйы фӕхуыздӕр ӕмӕ къухдариуӕгады куысты ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕры руаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0