Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсӕмӕг ссис дунейы чемпион

© Из архива тренера Т. КочиеваЗассеты Арсӕмӕг
Зассеты Арсӕмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Финалон тохы ирон хъӕбысӕйхӕцӕг рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Гуырдзыстонӕй 10:0 хыгъдӕй

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik. Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг, Уӕрӕсейы чемпион-2019 Зассеты Арсӕмӕг рамбылдта сыгъзӕрин майдан дунейы чемпионаты юниорты хсӕн, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Коцты Тамерлан.

Болгарийы уагъд цӕуӕг турниры ирон спортсмен архайдта Уӕрӕсейы фӕсивӕдон командӕйы сконды 110 килограмм уӕзы категорийы.

"Финалон тохы, кӕцы ацыд дыццӕджы изӕры, нӕ богал рамбылдта гуырдзиаг спортсмены 10:0 хыгъдӕй", - банысан кодта Коцты Тамерлан.

© Из архива тренера Т. КочиеваЗассеты Арсӕмӕг
Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсӕмӕг ссис дунейы чемпион - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зассеты Арсӕмӕг

Финалмӕ фӕндагыл Зассеты Арсӕмӕг рамбылдта Инди ӕмӕ Болгарийы минӕвӕртты, ӕрдӕгфиналы та уæззау тохы фӕуӕлахиз турниры фаворит ирайнаг Салар Сайед Хабибиехсанийыл.

Июны кӕрӕтты Коцты Тамерланы ӕндӕр хъомылгӕнинаг – Бестауты Андрей – ссис Европӕйы чемпион юниорты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0