Цхуырбаты Вадим Хуссар Иры хӕсты тыххӕй: августы адӕм равдыстой сӕ хъайтардзинад

© Sputnik / Максим Авдеев /  Ахизын медиабанкмæавгусты адӕм равдыстой сӕ хъайтардзинад
августы адӕм равдыстой сӕ хъайтардзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты ацыд журналистты фембӕлд Цхинвалы дзулфыцӕн заводы директор ӕмӕ республикӕйы рынчындоны дохтыртимӕ, кӕцытӕ 11 азы размӕ хӕсты тӕмӕны Цхинвалы ӕххӕст кодтой сӕ куысты хӕслӕвӕрдтӕ

ЦХИНВАЛ, 7 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Адӕмы иудзинад, кӕцыйы руаджы арӕзт цыд Хуссар Ирыстоны паддзахад, баххуыс кодта адӕм бахъахъхъӕнын сӕ фыдыбӕстӕ 2008 азы августы, загъта Цхинвалы пресс-конференцийыл ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады раздӕры министр, хирург Григорий Кулиджанов.

© Sputnik / Наталья АйриянПресс-конференци
Цхуырбаты Вадим Хуссар Иры хӕсты тыххӕй: августы адӕм равдыстой сӕ хъайтардзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пресс-конференци

Хуссар Ирыстоны 7-8 августы ацӕудзысты мысӕн мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты гуырдзиаг агрессийы 11-ӕм афӕдзы бонӕн. Григорий Кулиджанов радзырдта рынчындоны кусджыты куысты тыххӕй, афтӕ ма хирургтӕ ӕмӕ травмотологты хъайтардзинады тыххӕй, кӕцытӕ ӕнӕхъӕн бон ӕххуыс кодтой фӕцӕвуӕвджытӕн.

"Дохтырты куысты тыххӕй бирӕ загътой, фӕлӕ мӕн фӕнды банысан кӕнын астӕуккаг ӕмӕ кӕстӕр медперсоналы куыст. Тынг зын уыд. Егъау куыст бакодтой хӕдзарадон блокы кусджытӕ дӕр", - радзырдта Григорий Кулиджанов.

© Sputnik / Наталья АйриянГригорий Кулиджанов
Цхуырбаты Вадим Хуссар Иры хӕсты тыххӕй: августы адӕм равдыстой сӕ хъайтардзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Григорий Кулиджанов

Цхинвалы дзулфыцӕн заводы разамонӕг Цхуырбаты Вадим банысан кодта, уыцы бонты адӕм кӕй равдыстой сӕ хъайтардзинад.

"Завод куыннӕ куыстаит, уӕд хормагӕй ничи амардаит. Нӕ коллективы куыст уыд куыд моралон ӕххуыс адӕмӕн. Нӕ ӕмбӕхсӕн бынӕттӕм цыдысты адӕм горӕты кӕрӕттӕй", - радзырдта Цхуырбаты Вадим.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхуырбаты Вадим
Цхуырбаты Вадим Хуссар Иры хӕсты тыххӕй: августы адӕм равдыстой сӕ хъайтардзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхуырбаты Вадим

Цхуырбаты Вадим банысан кодта, медицинон кусджыты сгуыхтдзинӕдтӕ уыдысты егъау, фӕлӕ уыцы бонты куыстой зынгфӕдисонтӕ, журналисттӕ ӕмӕ ӕндӕр професситы минӕвӕрттӕ дӕр, кӕцытӕ равдыстой стыр патриотизм.

Уый ӕрымысыд дзулфыцӕн заводы кусӕг Гӕззаты Павелы, кӕцыйы лӕппуйы амардтой хӕсты рӕстӕджы.

"Гӕззаты Павел нӕ ныууагъта йӕ куыст", - загъта дзулфыцӕн комбинаты директор.

Хирург Годжысаты Джино банысан кодта Хуссар Ирыстоны сылгоймӕгты сгуызтдзинӕдтӕ Фондзбонон хӕсты рӕстӕджы.

"Рынчындон ӕмӕ дзулфыцӕн заводы дӕр сӕ хъайтардзинда ӕвдистой нӕ сылгоймӕгтӕ, кӕцытӕ нӕ ныууагътой куысты бынӕттӕ. Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ мах дӕр бацыдис ныфс", - банысан кодта дохтыр.

Республикӕйы рынчындоны медицинон персоналы минӕвӕрттӕ дӕр пресс-конференцийы рӕстӕджы радзырдтой сӕ мысинӕгты тыххӕй.

© Sputnik / Наталья АйриянГоджысаты Джино.
Годжысаты Джино - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Годжысаты Джино.
© Sputnik / Наталья АйриянКонстантин Серветник.
Константин Серветник - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Константин Серветник.
1/2
Годжысаты Джино.
2/2
Константин Серветник.
Ног хабӕртты лентӕ
0