Фылдӕр мызд ӕмӕ хӕрдзты компенсаци: Хуссар Иры ахуырады министрад хъӕуты куысты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры ахуырады министрад радзырдта хъӕуты куысты тыххӕй
Хуссар Иры ахуырады министрад радзырдта хъӕуты куысты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгӕ уӕлидзинадмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, хъӕуты ахуыргӕнӕгӕй кусын бирӕты нӕ фӕнды, банысан кодта уагдоны минӕвар

ЦХИНВАЛ, 22 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны ахуыргӕнджыты материалон уавӕр у хуыздӕр Цӕгат Ирыстонмӕ абаргӕйӕ, фехъусын кодта пресс-конференцийыл паддзахадон информаци ӕмӕ мыхуыры комитеты РХИ ахуырады министры хӕдивӕг Гаглойты Элиса.

"Хуссар Ирыстоны 12-ӕм категорийы ахуыргӕнӕджы минималон мызд у 15,6 мин сомы", - загъта Гаглойты Элиса.

© Sputnik / Ян ГабараевГаглойты Элиса
Фылдӕр мызд ӕмӕ хӕрдзты компенсаци: Хуссар Иры ахуырады министрад хъӕуты куысты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Элиса

Афтӕмӕй, ахуыргӕнӕг, кӕцы цӕуы кусынмӕ хъӕутӕм, исы 50 проценты фылдӕр мызд. Уыцы ахуыргӕнджытӕн ма бамбӕрзынц транспорт ӕмӕ цӕрӕнуаты хӕрдзтӕ дӕр.

"Мах баныхас кӕнӕм районимӕ транспорт ӕмӕ цӕрӕнуаты тыххӕй, афтӕ ма иу сын бынӕттон цӕрджытӕ дӕр ӕххуыс кӕнынц", - банысан кодта Гаглойты Элиса.

Фӕлӕ уӕддӕр ӕвзонг ахуыргӕнджыты нӕ фӕфӕнды ацӕуын районтӕм.

"Мах агуырдтам англисаг ӕмӕ немыцаг ӕвзаджы специалистты. Кӕд ӕмӕ горӕты ахӕмтӕ бирӕ ис, уӕддӕр не ссардтам кандидаты", - загъта министры хӕдивӕг.

© Sputnik / Ян ГабараевАхуырады министрады минӕвӕрттимӕ пресс-конференци
Фылдӕр мызд ӕмӕ хӕрдзты компенсаци: Хуссар Иры ахуырады министрад хъӕуты куысты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ахуырады министрады минӕвӕрттимӕ пресс-конференци
Ног хабӕртты лентӕ
0