Фыд Иаков: Хуссар Иры ис бирæ аргъуантæ Мад Майрæмы Фынæты номыл

© Sputnik / Наталья АйриянТигъуа
Тигъуа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Алайнаг епархийы динамонджытæ ауагътой Хуыцаумæ скуывдтæ Хуссар Иры æртæ аргъуаны Майрæмкуадзæны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны æртыццæджы нысан кæнынц Майрæмкуадзæн. Хуыцаумæ скуывдтæ ацыдысты Цхинвалы Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны, Знауыр æмæ Тигъуайы аргъуанты, фехъусын кодта Sputnik Алайнаг епархийы динамонæг, фыд Иаков.

Знауыры районы Майрӕмкуадзӕны бон бакодтой ног арӕзт аргъуан

"Абон нысан кæнæм рæстдинонты къæлиндары сæйраг бонтæй иу. Мах бæрæг кæнæм Хуыцауы ныййарæджы зæххон цардæй æнусонмæ ахызт – Мад Майрæмы Фынæт. Уый цытæн Хуыцаумæ скуывдтæ ацыдысты фыццаг Цхинвалы сæйраг аргъуаны, стæй та Знауыры æмæ Тигъуайы аргъуанты, кæцытæ сты Мад Майрæмы Фынæтæтæн нывонд", - загъта фыд Иаков.

Динамонæг ма банысан кодта, Майрæмкуадзæнæй кæй балхынцъ ис Фынæты комдарæн.

Дзуар æмæ аргъуан: Хуссар Иры аразт цæуы дыууæ кувæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзуар æмæ аргъуан: Хуссар Иры арæзт цæуы дыууæ кувæндоны

"Ацы боныл мах æмбæлæм бæрæгбонау. Ирон адæммæ бæрæгбон æрфидар ис Мад Майрæмы Фынæтæй нæ, фæлæ куыд Майрæмкуадзæн. Термин ацы боны мидис арфдæр æвдисы, Ирыстоны та тынг бирæ аргъуантæ нывонд уыдысты Мад Майрæмы Фынæтæн, фæлæ сæ фæстæдæр схуыдтой Мад Майрæмы аргъуантæ. Кавказы рæсугъддæр æмæ стырдæр аргъуантæй сæ иу – Тигъуайы кувæндон дæр райста аргъуыд куыд Фынæты аргъуан", - бафтыдта уый.

Фыд Иаков ма радзырдта, рæстдинонтæ та радон бæрæгбоныл кæй сæмбæлдзысты 21 сентябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0