Цхинвалы администраци райдыдта пырх кӕнын рагон агъуысттӕ

© Sputnik / Элина ГабараеваМӕскуыйаг уынг
Мӕскуыйаг уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы коммуналон кусджытӕ нывӕндынц рафӕлындын Мӕскуыйаг уынг, цы ран уагъд цӕуынц куыстытӕ

ЦХИНВАЛ, 29 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Столицӕйы администраци райдыдта пырх кӕнын ӕмбондтӕ ӕмӕ рагон агъуысттӕ Цхинвалы централон уынгтӕй иуыл, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы пресс-секретарь Коцты Зӕринӕ.

Зӕронд агъуысты демонтаж  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сквертӕ ӕмӕ ног фасадтӕ: цы ногдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Хуссар Иры столицӕмӕ

Уый банысан кодта, коммуналон кусджытӕ кӕй айстой рагон ӕмбондтӕ, кӕцытӕ хӕлдтой столицӕйы хуыз.

"Ӕмбондтӕй дарддӕр кусджытӕ ныппырх кодтой базарадон ларектӕ дӕр. Куыстытӕ уагъд цӕуынц Мӕскуыйаг уынджы хӕрзарӕзтады программӕйы фӕлгӕтты. Азы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ уынг хӕрзарӕзт цӕуы, ныппырх кодтой турбазӕйы цур агъуысттӕ, цы ран ӕввахс рӕстӕджы фӕзындзӕн рӕсугъд улӕфӕн зонӕ", - загъта Коцты Зӕринӕ.

Мӕскуыйаг уынгыл ма цалцӕг кӕнынц бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты разуындтӕ дӕр.

"Ацы куыстытӕ бахӕццӕ сты сӕ фӕстаг стадимӕ", - бафтыдта пресс-секретарь.

Мӕскуыйаг уынджы хӕрарӕзтад уагъд цӕуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы барамындӕй, кӕцы радта ӕмбӕлгӕ хӕслӕвӕрд коммуналон службӕтӕн азы райдайӕны.

Ног хабӕртты лентӕ
0