Уавæры дестабилизаци: Хуссар Ирыстоны ПӔК Гуырдзыйы архæйдтыты тыххæй

© Sputnik / Мария КотаеваУавæр арæныл
Уавæр арæныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзиаг фарс ныр цалдæр боны аразы полицæйаг постытæ Хуссар Ирыстоны арæнмæ æввахс территорийыл, Знауыры районы Уисты хъæууы цур. Бон раздæр арæны ацы фадыг йæ хъусдардмæ райста республикæйы тыхон структурæты иумæйаг къорд

 

ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik, Козаты Диана. Гуырдзыстоны архæйдтытæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнмæ æввахс ситуаци фендыгъд кæныны фæдыл æвзæрын кæнынц уавæры дестабилизацийы комкоммæ тæссагдзинад, фехъусын кодтой майрæмбоны республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты.

Хуссар Иры тыхон структурӕты къорд йӕ цӕст дары арӕнмӕ Цънелисы хъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры тыхон структурӕты къорд райста йӕ хъусдардмӕ арӕн Цънелисы хъӕуы

Гуырдзиаг фарс ныр цалдæр боны аразы полицæйаг постытæ Хуссар Ирыстоны арæнмæ æввахс территорийыл, Знауыры районы Уисты хъæууы цур. Бон раздæр арæны ацы фадыг йæ хъусдардмæ райста республикæйы тыхон структурæты иумæйаг къорд.

"Гуырдзиаг ДИФ-ты æппынæдзух мыхуыр цæуынц уацтæ, кæцыты гуырдзиаг фарс аразы реваншистон куырдиæттæ æмæ уымæй æндыгъд кæны æнæуый дæр карз уавæр. Уый фæдыл Паддзахадон æдасдзинады комитет фæдзæхсы, Гуырдзыстоны архæйдтытæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнмæ æввахс ситуаци фендыгъд кæныны фæдыл кæй æвзæрын кæнынц уавæры дестабилизацийы комкоммæ тæссагдзинад", - фехъусын кодтой уагдоны.

Хабары фæдыл бæрн, бафтыдтой комитеты, иууылдæр хауы гуырдзыстойнаг фарсмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0